Калоты Виталий фильм "Последствия"-йы тыххæй: бынтондæр цымыдисон нæу

© AFP 2022 / KAZBEK BASAYEVКалоев
Калоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Голливудаг фильм "Последствия" Шварценеггеримæ сæйраг ролы фыдæнхъæл фæкодта Калоты Виталийы

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik, Биазырты Дзерассæ. Калоты Виталий адих кодта Sputnik уацхæссæгимæ йæ тæлмæнтæ голливудаг драмæ "Последствия"-ты фендæй.

Трейлер фильма Последствия с Шварценеггером в роли Виталия Калоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фильм "Последствия"-йы трейлер Шварценеггеримӕ Калоты Виталийы ролы

Райдианы нывæфтыд фильмы аразджытæ фехъусын кодтой, киносюжеты бындуры æвæрд кæй ис ирон Калоты Виталийы реалон истори, кæцыйæн Бодены цады сæрмæ авиакатастрофæйы бабын сты йæ бинонтæ: цардæмбал æмæ дыууæ хъæбулы. Фæлæ фильм прокаты куы рацыд, уæд рабæрæг, реалон цаутимæ фильмæн иумæйагæй бирæ кæй ницы ис: ивд æрцыдысты трагедийы æууæлтæ, хъайтарты характертæ, цауты хæйттæ.

Калоты Виталий раргом кодта, фыдæнхъæл кæй фæцис голливудаг актер Арнольд Шварценеггеры хъазтæй. Зæгъгæ, æнæхъæн фильмы дæргъы уымæн кæсæг кодта тæригъæд, афтæмæй та Калоты Виталий нæ домдта, цæмæй йын тæригъæд кæной, уый домдта рæстдзинад.

"Ӕнæхъæн кинойы дæргъы уый домы, цæмæй йын фæтæригъæд кæной. Ме ′рдыгæй та афтæ нæ уыд, мæн нæ фæнды, цæмæй мын тæригъæд кæной. Мæн фæндыд æмæ домдтон, цæмæй аххосджын чи у — диспетчер уа æви æндæр исчи — сдзуапп кæна фæстиуджыты тыххæй. Ӕмæ куыд æмбæлы, афтæ, официалон æгъдауæй ракурой хатыртæ", — банысан кодта Калоты Виталий.

Калоты Виталийы ныхæстæм гæсгæ, фильмы автортæй барæй ахызтысты авиакомпани Skyguide къухдариуæгады рæдыды фæрсты æмырæй. Авиадиспетчер Петер Нильсенæй та сарæзтой уавæрты амæттаг.

"Компани цыма ницы аххосджын у. Уый та у ууыл дзурæг æмæ йын компани ницы басгæрст, аттестаци ауагъта. Ома фæрæдыд. Нильсенæй сарæзтой цавæрдæр амæттаг æмæ нæу аххосджын уыцы рæдыды. Цыма мæт дæр кодта, æнкъардта, зæгъгæ ис гæнæн æмæ йæм исчи æрбацæуа — пистолет дæр балхæдта. Пистолет куы æлхæдта, уæд ахъуыды кодтон, зæгъгæ йæ йæхи фехсын фæнды, уый та йæхи бахъахъхъæнынæн хъуыд. Уый фæхъыг, къаддæр мызд ын кæм фыстой, ахæм бынатмæ йæ кæй ракодтой, ссардта диспетчеры бынат æндæр авиакомпанийы æмæ йæ фæндыд ацæуын", — радзырдта Виталий.

Калоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Калоты Виталийы тыххæй документалон роман рацыд мыхуыры Мæскуыйы

Йæ ныхæстæм гæсгæ, авиадиспетчер æнæхъæн кино кæны кæугæ æмæ фæсмон кæны. Фæлæ уыцы бон мысгæйæ, Виталий дзуры, зæгъгæ, Нильсенмæ хæдзармæ куы бацыд хатыртæ фехъусынмæ, уæт æм фæсмоны хуызæнæй ницы æнкъарæнтæ уыд", — загъта Виталий.

"Куы бацыдтæн æмæ йын цæстытæм куы кастæн, уæд дзы ницы фæсмон федтон. Йæхи афтæ дардта, цыма мын ницы куыст уыд æмæ йæм бадзæгъæл дæн. Йæ цæстæнгасы ахæм схъæлдзинад æмæ æлгъ уыд — уый та фильмы æвдыст нæу", — загъта Калоты Виталий.

2002 азæй фæстæмæ Калоты Виталий нæ кæсы телевизормæ, нæ цæуы киномæ. "Последствия"-йæн уый сарæзта уæлвæтк, фæлæ кинойæ фыдæнхъæл фæцис.

"Ацыдтæн æм, цæмæй йæ фенон цы дзы равдыстой. Фильм æппындæр цымыдисон нæу", — загъта Виталий.

Ног хабӕртты лентӕ
0