Тӕссаг балкӕттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянАварийный балкон
Аварийный балкон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг бирæуæладзыгон хæдзæрттæй цалдæрыл аварион балкӕттӕ тæссаг хуызимæ æрзæбул сты тротуарты сæрмæ – цæрджытæ тæрсынц, уыдоны цавæрдæр уысм куы æрхауой бæлцæтты сæрыл

ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik, Годжысаты Анна. Цхинвалы Гаглойты Хазбийы (раздӕры Тельманы) уынгыл бирæуæладзыгон хæдзæртты уæллаг уæладзгуыты балкæттæ тæссаг хуызимæ æрзæбул сты тротуарты сæрмæ —гæнæн ис æмæ цыфæнды уысм дæр æрхауой цæуджытыл. Корпус баййæфта хъыгдард 2008 азы августы хæсты рæстæджы нæмыджы комкоммæ сæмбæлды фæстиуæгæн, цалдæр ныппырхгонд фатеры ныры онг дæр нæма сцалцæг кодтой.

Сыхæгтæ куыд радзырдтой, афтæмæй фатертæй иуы цæрджытæ бирæ фæцыдысты алыгъуызон хицауадон инстанцтæм, цæмæй сын баххуыс кӕной. Бинонтæ цæрынц арендæйы ист иухатæнон фатеры горæты æндæр районы.

"Фæцыдысты нæм алыгъуызон къамистæ, арæзтой акттæ, фæлæ хъуыддаг ууыл банцад", — радзырдта хæдзары цæрæг Джульетта.

Уый у æнæдызæрдыг, йæ сæрмæ цы ныппырхонд фатер ис, уымæн йæ балкон кæй хæссы тас цæуджытæн.

"Бынæй нын ис дукани æмæ спортивон зал, уырдӕм æрбамбырд вæййынц сывæллæттæ. Ис гæнæн æмæ кæцыдæр уысм пырхæнтæ æрхауой æмæ уæд æрцæудзæн зиан", — загъта уый.

Алан Кочиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ног мэр: фыццаг рады мӕ фӕнды фӕивын адӕмы ахаст сӕ горӕтмӕ

Ацы хӕдзары тасхæссæг балкæттæ иунæг не ′сты — ахæмтæ ма ис Тæболты Сергейы уынгыл бирæуæладзыгон хæдзары дæр.

Хæдзарыл цæуы 70 азы æмæ уый дæр у хъыгдард хæстон архæйдтытæй. Хæсты фæстæ фасад ранæуæг кодтой, фæлæ уый нæ бамбæхста балконы скъуыд фидаргæнæнтæ. Ӕмæ æрвылбон дæр ацы балконты бынты цæуæг цæрджытæн у тас сæ цардæн.

Шушана цæры комкоммæ дæр ацы фыдамонд балконы бын, уавæр ын æнцой нæ дæтты æмæ æрвылбон дæр сывæллæтты асуры тæссаг бынатæй. Фатеры хицау у 81-аздзыд рынчын сылгоймаг, уый у сынтæгон рынчын æмæ йæ рæстæгæй рæстæгмæ абæрæг кæнынц йæ хæстæджытæ. Сыхæгты хъуыдымæ гæсгæ, йæ балконы уавæр æппындæр никæй æндавы.

"Ацы балконыл ис стыр чумæдантæ. Нæ зонын, цы ис сæ мидæг, фæлæ афтæ фенхъæлæн ис æмæ сæ уæзæй балкон мæнæ-мæнæ ныккæлдзæн. Хæдзар ног нæу, арæзт æрцыд 70 азы размæ. Мæ бон сабыр цардæй цæрын нæу, куы йæ зонон æмæ мæ рудзгуыты цур æрцæудзæн исты бæллæх", — катай кæны сылгоймаг.

Плиты Иссӕйы уынгыл дӕр æмрæстæджы цалдæр балконы сты ахæм уавæры, кæлгæ дæр дзы ныккодтой кӕцыдӕртӕ, фæлæ уавæры нырма ницы ивындзинæдтæ æрцыд.

© Sputnik / Наталья АйриянАварион балкон
Аварийный балкон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аварион балкон

Цхинвалы мэры фыццаг хæдивæг Пухаты Дмитрий ацы уавæримæ зонгæ у, фæлæ нымайы, алы хъуыддагмæ дæр кæй хъуамæ уа хицæн ахаст.

"Балкæттæ фатерты хицæутты сæрмагонд территори кæй сты, уый тыххæй цалцæггæнæн-монтажон куыстытæ, уыдон пайда кæнынæн бæззынц æви нæ, уый фæдыл мониторинг æмæ сæ цы ис æвæрд, у æрмæстдæр фатерты хицæутты хъуыддаг", — загъта чиновник.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, чысыл æндæр уавæр ис Гаглойты Хазбийы уынгыл хæдзары фатертимæ — хæстон архæйдтыты фæстæ уыдон хъæуы æнæхъæнæй саразын.

"Уый у фыццаградон хæслæвæрд, фæлæ ныртæккæ администрацимæ ахæм фæрæзтæ нæй", — загъта Пухаты Дмитрий.

Уый ма быфтыдта, горæты администраци кæй бахатыд республикæйы къухдариуæгадмæ, цæмæй ацы фатерты цалцæг хаст æрцæуа инвестпрограммæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0