Такси Цхинвалы: ӕмбисӕхсӕвмӕ науӕд та фистӕгӕй

© Sputnik / Наталья АйриянСтоянка такси в Цхинвале
Стоянка такси в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы 12 сахатæй фæстæмæ цард ныммыр вæййы, таксийы службæты телефонтæ нал фӕдзуапп кæнынц, бæлццоны бахъæуы йæ цæсгомыл йæ къух сисын æмæ батыхсын кæнын сыхаг науӕд та хӕстӕг шофыры

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сæйраг сахар Цхинвалы зӕгъгӕ ӕмбисӕхсӕвмӕ искуы баззадтӕ уазӕгуаты ӕнӕ машинӕйӕ, уӕд дын дӕ хӕдзармӕ бафтын фӕзын уыдзӕн – дыууадӕс сахатӕй фӕстӕмӕ уынгтæй фæтары вæййынц такситтæ, нал вæййы бахауæн таксийы службæтæм дæр. Sputnik бацымыдис кодта, цæмæннæ кусынц æмбисӕхсӕвӕй фӕстӕмӕ такситæ Цхинвалы.

Таксистты лæууæндон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Налбандов Лев: таксистæн хъуамæ уа æнувыд ахаст бӕлццӕттӕм

Цхинвал стæм цæмæйдæрты у стыр столицӕты æнгæс. Ам фондз-æхсæз сахаттыл райдайынц æхгæнын дуканитæ, изӕры 11 сахатыл ма стæм адæймӕгты ис фенӕн уынгты, ныннымæг вæййы фæндагон змæлд. Таксийы нысæнттимæ хæдтулгæтыл дӕр цæст нал схӕсдзӕн уыцафон. Ацы уавæр бирæтæм æвзæрын кæны æнæразыдзинад.

"Уый æз растыл нæ нымайын. Дунейы ахæм хъуыддаг никуы федтон. Уазæгуаты куы вæййын, уæд хъуамæ архайон æхсæвы 11 сахатмæ мæ хӕдзармӕ бафтын, Золушкайау мæ такси нас куы феста, уый тасæй. Æгас горæты æхсæвы иу такси дӕр ма куса, уый æмбисондæн хæссинаг у", — дзуры Цхинвалы цæрæг Хацырты Дауыт.

Горӕты дыууæ стырдæр таксийы службæтæ "Ладья " æмæ "Горец"-ы хицӕуттӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй райдианы уыдон куыстой суткæйы 24 сахаты, фæлæ нозтджын бӕлццӕттӕй сæ зæрдæ афтӕ сцъæх ис ӕмӕ ныууагътой ӕхсӕвыгоны куыст.

"Ныридæгæн кусæм райсом 8 сахатæй æхсæв 12-мæ. Раздӕр мах æхсæвыгон дæр куыстам, фæлæ-иу нæм уыд иу кӕнӕ дыууӕ заказы, уыдон дæр фылдæр бæрцæй расыг адæм. Кусгæ та кодтам хуымæтæг тарифмæ гæсгæ, кæд дæс сахатæй фæстæмæ зынаргъдæр у, уæддæр. Ахæм куыст пайда ницы хаста", — загъта "Ладья"-йы хистæр Ходты Виолетта.

Уыимæ æнгæс хъуыдыйыл хæст у "Горец"-ы кусæг Сильвия Симонян дæр, ацы таксийы службӕ дæр йæ куыст æруромы 12 сахатыл.

Автовокзал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæумæ дæ нæ хъæуы?

"Хатыр мын бакæнут, фæлæ æхсæвы бæлццæттæ фылдæр вæййынц расыг æмæ семӕ дзурын вӕййы иу диссаг. Раздæр куыстам фыццаг сахатмæ, фæлæ стæй нæ режим фæраздæр кодтам", — загъта уый.

Фæстаг дæс азы Хуссар Иры хæдтулгæты нымæц азæй аз фылдæр кæны æмæ, официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сæ нымæц ахызт 17 минæй. Цхинвалы стæм хæдзары нæй машинӕ, науæд та дыууæ дæр, фæлæ æнæхæдтулгæ чи аззад, уыдон та нозтуарзаг цӕрджыты аххосæй тыхсынц.

Ацы уавæртæ хынцгæйæ бирæтæ таксийы службæты бæсты сæхицæн схæлар кæнынц хисрæмагонд таксистты, кæцытæ цыфӕнды рæстæг дæр ацаразынц бӕлццӕтты къух. Науæд та æнæмашинæ уазӕджы æнафоны бахъæуы йæ цæсгомыл йæ къух сисын æмæ батыхсын кæнын сыхаг, хæстæг, науæд та хæлар æфсæнбæхтæрæджы, цæмæй йæ къæсæрыл сæмбæла.

Ног хабӕртты лентӕ
0