Дӕсны мын афтӕ загъта

© Sputnik / Олег Ласточкин /  Ахизын медиабанкмæДӕсны
Дӕсны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы дӕснытӕ сты тынг популярон, чырыстон дин та фæдзæхсы рæстдинонты уыдонмӕ цӕуынӕй æмæ йæ нымайы тæригъæдыл

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы профессионалон психологтӕ популярон не сты, иу цалдӕр йедтӕмӕ дзы нӕдӕр ис. Уыдон баивтой дæсныфæрсджытæ. Дӕснытӕм цæуынц сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ, фӕсивӕд ӕмӕ хистӕр кары адӕм, сæхи ирхæфсынмæ æмæ рæсугъд фидæн базонынмæ, арфæтæ æмæ хинтæ аразынмæ. Рæстдинон аргъуан ацы къæхдзæфæй фæдзæхсы, фæлæ сæ фидæнмæ иу цӕстӕй бакæсыны фæнд адæмæн нæ сæтты.

Цхинвалы алкæцы æвзонг чызг дæр йæ хæсыл нымайы сусæгæй, науæд та æргомæй йæ царды иу хатт уæддæр бацæуын дæснымæ. Ӕгæрыстæмæй сæм фæцахуыр сты лæппутæ дæр. Дæснытӕм ацæуынц фæсарæнтæм дæр, иууыл популярондӕр се 'хсӕн сты Кӕсӕг-Балхъары дӕснытӕ.

Дӕснытӕм чи ацӕуы, уыдонӕй алкӕй сӕ ныхӕстӕ нӕ фӕуырнынц, чи ацӕуы ӕмбалӕн, чи та йӕ фыр цымыдисӕй. Фӕлӕ сӕ, хорз ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг хатт дӕр ӕнцонтӕй бахӕссы сӕ къах дӕсныты къӕсӕртӕм.

"Алкæцы дæсны дæр радзуры, кæй дæм æнхълæмæ кæсы хорз куыст, стыр мызд, æвæрццаг ивындзинæдтæ – хæдтулгæ, уарзондзинад æмæ хорз амонд. Стæй ма хорз зонынц, зынфæрæдийæн цы фарстыты ис, ахæмтæ. Зæгъæм, Цхинвалы ма æрæджы дæр лæппутæн сæ фылдæр уыдысты æфсæддонтæ, чызгæн та уымæй æхсызгондæр цы вæййы, чидӕр ӕй стыр уарзтӕй кӕй уарзы. Ӕмӕ-иу дӕснытӕ фӕдзурынц: цавӕрдӕр лӕппу дӕ ӕфсӕддон дарӕсы тынг уарзы. Ӕвзонг чызг дæр йæ хъуыдыты адзæгъæл вæййы æмæ ссары зæрдæхсайгæ адæймаджы. Мæхиуыл дæр æцыд цалдæр хатты ахæм хабар", — дзуры æвзонг чызг Оксана.

"Рагзӕгъджытӕм" уæлæнгай ахастмæ æнæкæсгæйæ, чызг уырнын кæны, лæмæгъ дæсныты æмрæнхъ ма кӕй ис æцæг кæлæнгæнджытæ дӕр, кæцытæ бинонтыл бафтауынц фыдбылыз æмæ схæццæ кæнынц æмкъæйтты цард.

"Бирæтæ цæуынц хинтæ æфтауынмæ. Æз зонын ахæм бинонты, кæцытæн сæ цард схæццæ ис дæсныйы кæлæнæй. Кӕнӕ та мӕ зонгӕ сылгоймагӕн – цыппар сывӕллоны мадӕн дӕсны афтӕ, дӕ лӕг дам йӕхицӕн кӕйдӕр ссардта, йӕ номы фыццаг дамгъӕ дӕр ын загъта. Уый лӕбурдта, сӕ ном уыцы дамгъӕйӕ кӕмӕн райдайы, ахӕм зонгӕ сылгоймӕгтӕм, схӕццӕ кодта йӕ цард. Куыдфӕстагмӕ бынтон ницӕй тыххӕй ахицӕн сты, дӕсныйы ӕвзагӕй", — дзуры Оксана.

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæДӕсныты иузӕрдион ӕххуысгӕнджытӕ сты къамтӕ
Святочные гадания - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дӕсныты иузӕрдион ӕххуысгӕнджытӕ сты къамтӕ

Цхинвалы æдӕппæт уыдзæн 20 дæсныйы бæрц, уыдон цæрынц æнæтрадицион куысты æфтиагæй. Дæсны фæрсынц кофейæ, цырæгътæй, къамтæй, айдæнмæ кæсгæйæ. Астæуккаг нымадмæ гæсгæ дӕсныфӕрсӕггаг лæууы 500 сомы, арфæтæ æмæ хинтæ та бирӕ зынаргъдæр. Иумӕйагӕй сисгæйæ дæсныйы куыст Цхинвалы у пайдаджын.

Дæсныты адрестæ æмæ телефоны номыртæ цӕрджыты хсӕн сты зындгонд. Кæцыдæртæ дæсныйы зæрдæлхæнæн ныхæстӕй рог кӕнынц сӕ царды уæз, чидæртæ та дӕсныты ныхӕстӕм гӕсгӕ пълан кæнынц сæ дарддæры цард, æнхъæлмæ кæсынц хорздзинæдтæм. Бирæты уырны, дæсныйы фæндæй кӕй схъæзныг уыдзысты æмæ сæ цард барухс уыдзæн уарзондзинадæй дӕр.

"Раджы мæ хæларимæ бамбал дæн æмæ æрцæуæггаг дæснымæ афæндараст стæм. Адæм æм гуылф кодтой, уый бæрц зонгæтыл фембæлдтæн. Хатæны бакаст уырнын кодта, диссæгты дунемæ кæй бахаудтæ, фæйнæрдыгæй сыгъдысты цырæгътæ. Цы мын дзырдта, уымæй ницы бахъуыды кодтон, æрмӕстдæр мæ мой æфсæддон кæй уыдзæн æмæ уый дæр нæ фæраст ис", — дзуры æвзонг чызг Зӕринæ.

Психологтæ дӕр нымайынц, Хуссар Иры фылдæр бæрцæй дæснытæм кӕй цæуынц сæхи ирхæфсынмæ, фæлæ ма сæ популярондзинад хаттæй хатт баст вæййы адæмы уæззау психологон уавæримæ.

"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, дæснытæм чи фæцæуы, уыдонæн сæ 80% цæуынц сæхи ирхæфсынмæ. Уый дæр у, куыд Дзæуджыхъæумæ аттракционтæм ацæуын, афтæ. Уымæй æвзæр ницы ис, адæймаг йæ цард фæхъæлдзæг кæны. Фæлæ ис ахæмтæ, кæцыты дæсныйы къæсæртæм бакӕнынц сæ проблемӕтӕ", — дзуры психолог Габаты Зӕлинæ.

© Sputnik / Наталья Айриян... æмæ кофе
Гадание - Sputnik Хуссар Ирыстон
... æмæ кофе

Йæ ныхæстæм гæсгæ, стæм категоритæ та дæснымæ бацæуынц куыд фæстаг ныфс æмæ уæззау цардмæ рухсы бауадзынæн.

"Дæснытæ дæр сты психологтæ æмæ æмбарынц, тыхст адæймагæн талынг тоннелы кæрон рухс равдисын куыд хъæуы. Адæймаг йæхи сайы, цæуы хорз фехъусынмæ, афтæ хорз ныхæстыл фæцахуыр вæййы æмæ та ацæуы дӕснымӕ ногæй æмæ ногæй", — загъта уый.

Цхинвайлаг дæснытæй иу Sputnik куыд загъта, афтӕмӕй уый иу æмæ дыууæ адæймагæн нæ райхæлдта йæ фидæны хъысмæт. Зӕгъгӕ, адӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕнын æмæ мӕхицӕн дӕр хорз дæсныйы ном аразын. Уый уырнын кæны, йæ дæсныфарсты фæстæ йæм йæ клиенттæ кӕй ӕрбацæуынц райгондӕй ӕмӕ стыр лæвæрттимæ.

Ӕнӕуый та Цхинвалы дæснытæм ис иу хорздзинад — уыдон нæ уырнын кæнынц мæрдтæй раздахын æмæ уæззау рынчынтæн схос кæнын. Фæлæ, уымæ æнæкӕсгæйæ, чырыстон дин фæдзæхсы рæстдинонты ацы къæхдзæфтæй æмæ йæ нымайы тæригъæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0