Республикæйы бонмæ Хуссар Иры уагъд æрцæудзæн Æхсæнадæмон турнир боксæй

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæБокс.
Бокс. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнирмӕ хуынд ӕрцыдысты Абхаз, Кӕсӕг-Балхъар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны боксертӕ. Спортсментӕ фӕарфдӕр кӕндзысты сӕ ӕмахастытӕ, афтӕ ма апарахат кæндзысты Хуссар Иры спорты ацы хуыз.

ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 18-19 сентябры уагъд æрцæудзæн Æхсæнадæмон турнир боксæй. Спортивон мадзал уагъд цӕуы Республикæйы расидты 25 азы боны цытæн, фехъусын кодта РХИ-йы фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей.

Турнир уагъд цæудзæн 1999-2000 æмæ 2001-2002 азты гуырд лæппуты æхсæн. Хуынд ӕрцыдысты Абхаз, Кӕсӕг-Балхъар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ.

"Абхаз уал ныридӕгӕн ӕрӕрвыста разыдзинад турниры хайад райсыны тыххӕй. Ӕдӕппӕт ерысты хайад райсдзысты 60 спортсмены онг. Уӕлахиздзаутӕ хорзӕхджын ӕрцӕудзысты майдантӕ ӕмӕ призтӕй", — радзырдта комитеты сӕрдар.

Зассеты Сергейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, турнир уагъд цæуы спортсменты æхсæн ахастытӕ фӕарфдӕр кӕнынӕн, афтӕ ма æнæниз рæзгæ фæлтæр схъомыл кæнын æмæ республикæйы бокс апарахат кæныны нысанæн.

Турниры организатор у РХИ-йы фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет, Ахуырыд æмæ зонады министрад, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны Уæлдæр спортивон дæсниады скъола.

Ног хабӕртты лентӕ
0