Ирон кикбоксер Айляраты Тимур рамбылдта дунейы чемпионат

© Sputnik / Олег Ласточкин /  Ахизын медиабанкмæИрон кик-боксер Айляраты Тимур рамбылдта дунейы чемпионат
Ирон кик-боксер Айляраты Тимур рамбылдта дунейы чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Бои по правилам ТНА"-йы дунейы чемпионаты Айляраты Тимурӕн нӕ разынд ӕмсӕр ныхмӕлӕууӕг.

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Ирыстойнаг кикбоксер Айляраты Тимур фæуæлахиз "Татнефть"-ы кубок рамбулыны дунейы чемпионаты "Бои по правилам ТНА"-йы, хъусын кӕны 15 регион.

Айляраты Тимур у дунейы чемпион каратэ Укадойæ, дунейы чемпион Вьет во даойæ, Евразийы чемпион къуххæстæй. Уымæй дарддæр ма спортсмен рамбылдта дунейы Кубок кикбоксингæй.

"Айляраты Тимур фæд-фæдыл фæуæлахиз фæлтæрдджын немыцаг спортсмен Сергей Брауныл, уый фæстæ — белорусаг Павел Турукыл. Финалы та фæтых уæрæсейаг Александр Дмитриенкойыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Спорты ацы хуызы баиу сты каратэ, муай-тай æмæ кикбоксинг. Ерыстæ цыдысты Хъазаны. Не ‘мзæххон дзы хъахъхъæдта Татарстаны спортивон кад. Айляраты Тимурӕн профессионалон рингы уыд 10 фембæлды æмæ дзы фæуæлахиз фарасты.

Ног хабӕртты лентӕ
0