Ирыстоны хъайтар Галуатны Олегы номарӕн турнир волейболӕй ацӕудзӕн Цхинвалы

© Sputnik / Ада БагианИрыстоны хъайтар Галуатны Олегы номарӕн турнир волейболӕй ацӕудзӕн Цхинвалы
Ирыстоны хъайтар Галуатны Олегы номарӕн турнир волейболӕй ацӕудзӕн Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортивон мадзал уагъд цӕудзӕн ӕртӕ этапӕй. Финалы фембӕлдзысты ӕгас республикӕйы аккагдӕр ӕвзонг волейболисттӕ.

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Цхинвалы уагъд ӕрцӕудзӕн Ирыстоны хъайтар Галуанты Олегы номарӕн турнир волейболӕй, фехъусын кодтой Sputnik РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитеты.

Галуанты Олег хъӕбатырӕй фӕмард 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты фӕстиуӕгӕн. Олег куыста Хъахъхъӕнынады министрады. Гуырдзыстон фынӕй Цхинвалы арты бын куы фӕкодта, уӕд Олег уыд уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты агъуысты Цхинвалы Шанхайы районы. Уый фӕцис уӕззау цӕф, йе ‘мбӕлттӕ ма бӕргӕ тырныдтой йӕ фервӕзын кӕнынмӕ, фӕлӕ сын нал бантыст. Цыдис ыл 32 азы, Олегӕн баззад дыууӕ фырты.

Турнир уагъд цӕудзӕн Цхинвалы ахуырадон уагдӕтты ӕхсӕн ӕртӕ этапӕй. Фыццаг рады ерыстӕ цӕудзысты скъолаты, дыккаг этапыл сӕ тыхтӕ ӕвзардзысты горӕттӕ ӕмӕ районты тыхджындӕр командӕтӕ. Финалы та фембӕлдзысты ӕгас республикӕйы аккагдӕр ӕвзонг волейболисттӕ.

"Турниры фӕрцы райтынг уыдзӕн волейбол ахуырадон уагдӕтты, фидар цӕудзысты хӕларадон ахастытӕ рӕзгӕ фӕлтӕрты ӕхсӕн. Ахӕм спортивон мадзӕлтты руаджы Республикӕйы хъомыл цӕудзӕн ӕнӕниз ӕмӕ аккаг фӕсивӕд", — загътой комитеты пресс-службӕйы.

Турнир уагъд цӕудзӕн 17,18 ӕмӕ 24 октябры. Хайад дзы райсдзысты чызджыты ӕмӕ лӕппуты командӕтӕ. Мадзал организацигонд цӕуы Фӕсивӕдон политикӕ спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитет ӕмӕ Ӕхсӕнадон организаци "ЗИУ"-ы тыхтӕй РХИ Ахуырады министрады ӕмархайдӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0