Æппæтдунеон хъæзтытӕй ирон спортсментӕ ӕрхастой 14 майданы

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæÆппæтдунеон хъæзтытӕй ирон спортсментӕ ӕрхастой 14 майданы
Æппæтдунеон хъæзтытӕй ирон спортсментӕ ӕрхастой 14 майданы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сочийы уагъд цӕуӕг Æппæтдунеон хъæзтыты ӕмӕ Малазийы армхæстæй дунеон чемпионаты ирон спортсменты къухты бафтыд бирӕ уӕлахизтӕ.

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik. Се ‘нæниздзинад цудыд кæмæн у, уыцы ирон спортсментæ Æппæтдунеон хъæзтыты рамбылдтой 6 сыгъзæрин, 3 æвзист æмæ 5 бронзæ майданы, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Спортивон форум йӕ ӕнæниздзинад цудыд кæмæн у, уыцы спортсменты ӕхсӕн цыд Сочийы.

"Ацы хъæзтыты Кобесты Чермен рамбылдта спорты цалдæр хуызы. Уæлдæр бæрæггæнæнтæ райста 100 æмæ 400 метры тагъд згъорынæй, стæй дæргъмæ гæпп кæнынæй. Бибылты Дмитрий та рамбылдта æфсæндиск æппарынæй",-дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма тхэквондойæ та уæлахиздзаутæ ссисты Сакинат Магомедова æмæ Гæззаты Спартак.

Хъусинагӕй ма куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй ӕныстджын уыд аннӕ спортсменты архайд дӕр Малазийы дунеон чемпионаты армхæстæй. Сызгъæрин майдантæ дзы райстой Золойты ӕфсымæртæ Спартак æмæ Хадзымурат, стæй Церехъаты Роман. 80 килограммы уæзы радон хатт сызгъæрин майдан рамбылдта Мæхъиты Иринæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0