Козаты Асланбег фæуæлахиз Николоз Гвиниашвилийыл

© ВКонтактеИрон боксер-профессионал Козаты Асланбег
Ирон боксер-профессионал Козаты Асланбег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Козаты Асланбег ацы аз рамбылдта дыккаг тох. Ацы хатт йæ ныхмæ лæууыд гуырдзиаг спортсмен.

ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik, Козаты Диана. Ирон боксер-профессионал Козаты Асланбеджы къухты бафтыд радон уæлахиз — рейтингон тохы рамбылдта гуырдзиаг спортсмен Николоз Гвиниашвилийы. Ныхмæлæуд комкоммæ эфиры æвдыста телеканал Матч-ТВ.

Тох уагъд цыд хуыцаубоны, Ригæйы, турнир Fighting Elite-йы фæлгæтты.

Ирон æмæ гуырдзиаг спортсменты тох рауад тынг цымыдисон — фыццаг раунды ирон боксер йæ ныхмæлæууæджы арвыста нокдауны, иннæ раундты дæр йæ ныхмæлæууæгæй уыд тыхджындæр.

Аст раунды фæстæ тæрхонгæнджытæ очкотæм гæсгæ уæлахиздзауыл банымадтой Козаты Асланы.

27-аздзыд Козаты Асланбег профессионалон рингмӕ рахызт 2008 азы. У WBC версийы Европӕйы чемпион, фӕсивӕды ӕхсӕн дунейы ӕхсӕнконтиненталон чемпионы титулы хицау, Азийы чемпион.

Ног хабӕртты лентӕ
0