Знауыраг дзюдоисттӕ рамбылдтой ӕхсӕнадӕмон турнир Петербурджы

© Sputnik / Ада Багиан Знауыраг дзюдоисттӕ
Знауыраг дзюдоисттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты Знауыры районы дзюдойы скъолайы хъомылгӕнинаг Кобаладзе Каха бацахста фыццаг бынат, Къӕбысты Азӕмӕт та - дыккаг.

ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik. Знауыры районы дзюдойы скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ фӕуӕлахиз сты ӕхсӕнадӕмон турниры Санкт-Петербурджы, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Знауыраг дзюдоисттӕ ӕрхастой ӕртӕ майданы Волгагӕрон федералон зылды ерыстӕй
Турнир ӕрӕмбырд кодта 700 спортсмены Уӕрӕсе, Европӕ ӕмӕ Азийӕ. Хуссар Ирӕй дзы архайдта 10 дзюдоисты, уыдонӕй дыууӕйӕ ссисты призертӕ.

"90 килограммы уӕзы аккаг ныхмӕлӕууӕг нӕ разынд Знауыры районы дзюдойы скъолайы хъомылгӕнинаг Кобаладзе Кахайӕн, нӕ аннӕ минӕвар Къӕбысты Азӕмӕт та 66 килограммы уӕзы бацахста дыккаг бынат", — загътой пресс-службӕйы.

Спортсменты бацӕттӕ кодта тренер Гӕбӕраты Инал.

XIX Традицион ӕхсӕнадӕмон турнир дзюдойӕ "Олимпийские старты — Кубок Победы" чызджыты ӕмӕ лӕппуты ‘хсӕн цыд апрелы кӕртты ӕмӕ нывонд уыд Стыр Уӕлахизы бонӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0