Индиаг богал фехъусын кодта, кӕй нӕ райсдзӕн Къудухты Бесикы майдан

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæОИ - 2012. Вольная борьба. Мужчины. Второй день
ОИ - 2012. Вольная борьба. Мужчины. Второй день - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыццӕджы массон информацийы фӕрӕзты фӕзынд информаци, ома ирон богал Къудухты Бесик 2012 азы Олимпиаг хъӕзтыты радта ӕвӕрццаг допинг-тест ӕмӕ йӕ фӕцух кӕндзысты йӕ ӕвзист майданӕй.

ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Индиаг богал Йогешвар Дутт загъта, кӕй нӕ райсдзӕн Къудухты Бесикы Лондоны Олимпиадӕйы ӕвзист майдан, хъусын кӕны Р-Спорт.

ОИ - 2012. Вольная борьба. Мужчины. Второй день - Sputnik Хуссар Ирыстон
Индиаг богал Дутт фехъусын кодта, кӕй нӕ зыдта Къудухты Бесикы мӕлӕт

"Къудухты Бесик у стыр хъӕбысӕйхӕцӕг. Ӕз ын стыр кад кӕнын куыд спортсменӕн. Йӕ допинг-тест ӕвӕрццаг кӕй разынд йӕ амӕлӕты фӕстӕ, уый у трагеди. Кӕд гӕнӕн ис, уӕд ын хъуамӕ ныууадзой йӕ майдан. Мӕнӕн фыццаг бынаты адӕймагдзинад лӕууы", — ныффыста спортсмен йӕ аккаунты Twitter.

Дутт Лондоны бацахста ӕртыккаг бынат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ерысты 60 кг онг уӕзы категорийы. Бесик рамбылдта ӕвзист майдан. Къудухты Бесик фӕмард 29 декабры 2013 азы автокатастрофӕйы фӕстиуӕгӕн.

Дыццӕджы массон информацийы фӕрӕзты фӕзынд информаци, ома ирон богал Къудухты Бесик 2012 азы Олимпиаг хъӕзтыты радта ӕвӕрццаг допинг-тест ӕмӕ йӕ фӕцух кӕндзысты йӕ ӕвзист майданӕй. Фӕлӕ Ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитет (ӔОК) нӕ бафидар кодта ацы информаци.

Ног хабӕртты лентӕ
0