Цхинвалы скъоладзаутӕ сӕ тыхтӕ ӕвзарынц волейболы турниры

© Sputnik / Алексей КовалевВолейбол Цхинвал
Волейбол Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Вазыгджын ныхмӕлӕуды абоны ерысты уӕлахиздзаутӕ ссисты фыццӕгӕм скъолайы спортсментӕ.

ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik. Цхинвалы уагъд цӕуы астӕуккаг ахуырадон уагдӕтты ахуыргӕнинӕгты ӕхсӕн республикон турнир волейболӕй. Sputnik уацхӕссӕг фӕуазӕг скъола-интернат ӕмӕ 1-ӕм скъолайы командӕты ӕхсӕн хъазтмӕ.

Момент поединка по по киокушинкай карате - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг каратисткӕ рамбылдта Ставрополы крайы фыццагады "бронзӕ"

Хъазты райдианы № 1-ӕм скъолайы ӕрыгон спортсментӕ равдыстой сӕ арӕхстдзинад ӕмӕ рамбылдтой сӕ ныхмӕлӕуджыты интернатӕй, уый фӕстӕ фембӕлдысты гимнази "Рухс"-ы волейболисттимӕ.

Вазыгджын ныхмӕлӕуды абоны ерысты уӕлахиздзаутӕ ссисты фыццӕгӕм скъолайы спортсментӕ.

Ерыстӕ уагъд цӕуынц 24 —31 октябры республикон сывӕллӕтты спортивон скъолайы. Хайад сӕ исынц куыд лӕппутӕ, афтӕ чызджытӕ дӕр. Турниры организатортӕ сты Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитет ӕмӕ ахуырад ӕмӕ зонады министрад, афтӕ ма РХИ Хъахъхъӕнынады министрад.

Ног хабӕртты лентӕ
0