Президент: Гасситы Мурӕтмæ æнхъæлмæ кæсынц Хуссар Иры

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæБокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым
Бокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид тохы хæдфæстæ раарфæ кодта Гасситы Муратæн йӕ уæлахизы фæдыл.

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Гасситы Мурӕтмæ, кæцы рамбылдта Денис Лебедевимæ тох, æнхъæлмæ кæсынц йæ райгуырæн бæстæ Хуссар Ирыстоны, загъта республикӕйы президент Тыбылты Леонид.

Бокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт рамбылдта тох æмæ ссис дуейы уæлахиздзау

Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнæг уыд аренæ "Мегаспорт"-ы. Тохы хæдфæстæ уый раарфæ кодта Гасситы Мурӕтæн йӕ уæлахизы тыххæй ӕмӕ банысан кодта, тохмæ сæ цæст кӕй дардтой æппæт Хуссар Ирыстоны.

"Уырныдта нæ дæ уæлахиз æмæ нын нæ ныфсытæ нæ фæсайдтай. Абон æппæт арфæтæ дæр хъуысынц дæ номыл", — загъта Тыбылты Леонид Мурӕтæн.

Тыбылты Леонид бафтыдта йæ ныхæстæм, уæлахидзаумæ кæй æнхъæлмæ кæсынц йæ райгуырæн бæстæйы канд боксæн табугæнджытæ нæ, фæлæ фæсивæд æмæ æппæт Хуссар Ирыстон.

Ног хабӕртты лентӕ
0