IBF бар ратдзӕн Гасситы Мурӕт ӕмӕ Денис Лебедевы тох-реваншӕн

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæБокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым
Бокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тох-реванш уагъд ӕрцӕудзӕн, кӕд ӕмӕ Ӕхсӕнадӕмон боксерон федерацимӕ ӕрбацӕуа ӕмбӕлон куырдиат.

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон боксерон федераци (IBF) бар ратдзӕн уӕрӕсейӕгтӕ Гасситы Мурӕт ӕмӕ Денис Лебедевӕн тох-реванш ауадзынӕн, кӕд ӕмӕ райса ӕмбӕлон куырдиат, уӕд, фехъусын кодтой Р-Спорт IBF пресс-службӕйы.

Встреча Мурата Гассиева с болельщиками в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт: мæ уæлахизтæ иууылдæр нывонд кæнын Ирыстонæн

Денис Лебедев 3 декабры Мӕскуыйы тӕрхонгӕнджыты ныхмӕлӕуд скъуыддзагмӕ гӕсгӕ фембылд Гасситы Мурӕтӕн ӕмӕ фесӕфта IBF титул фыццаг уӕззау уӕзы. Лебедевы иннӕ титул — WBA тохы раразмӕгонд не рцыд. Фӕстӕдӕр промоутерон компани "Мир бокса"-йы сӕргълӕууӕг Андрей Рябинский фехъусын кодта, кӕй фӕнд кӕны реванш ауадзын.

"Гасситы Мурӕт ӕнӕмӕнгӕй хъуамӕ ауадза йӕ титул бахъахъхъӕныны тыххӕй ныхмӕлӕуд йӕ тохӕй фараст мӕйы фӕстӕ (3 сентябры). Претенденты ном нырма, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бӕрӕг нӕу, фехъусын кодта — IBF. Лебедевимӕ реваншы тыххӕй нырма домӕн не рбацыд. Кӕд куырдиат ӕрбацӕуа, уӕд IBF бар ратдзӕн тох ауадзынӕн".

Ног хабӕртты лентӕ
0