Украинӕйаг боксер Усик нӕ ацух кодта, 18 марты кӕй стох кӕндзӕн Гасситы Мурӕтимӕ

© FacebookАлександр Усик
Александр Усик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фидӕны тохы ныхмӕлӕууӕг чи уыдзӕн, уый Усик нырма нӕ зоны, фӕлӕ йӕ фӕнды фембӕлын Гасситы Мурӕтимӕ.

ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik. Украинӕйаг Александр Усик фехъусын кодта, йӕ радон тох кӕй хъуамӕ ауадза 18 марты ӕмӕ йӕ фӕнды IBF версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпионы титул рамбулын, кӕцыйы хицау ныртӕккӕ у боксер Гасситы Мурӕт, фыссы РИА Новости.

Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕты титулмӕ претендент суӕвыныл стох кӕндзысты Влодарчик ӕмӕ Гевор

Александр Усик у дунейы чемпион фыццаг уӕззау уӕзы Дунейон боксерон организаци (WBO) версимӕ гӕсгӕ. 29-аздзыд украинӕйагы хыгъдыл ис 11 уӕлахизы, 11 ныхмӕлӕуды профессионалон рингыл (уыдонӕй 10 нокаутӕй).

"18 марты хъуамӕ рахизон рингмӕ. Ис ныхӕстӕ, мӕ тох кӕй уыдзӕн Геннадий Головкин ӕмӕ Дэниэл Джейкобсы ӕхсӕн тохы андеркарты. Фӕлӕ йӕ мӕ бон 100% бӕрц зӕгъын нӕу. Мӕ ныхмӕлӕууӕг нырма бӕрӕг нӕу. Фӕнды мӕ стох кӕнын чемпионтӕй кӕимӕ фӕндыдӕр. Кӕд мӕ фарс Гасситы Мурӕтимӕ бадзура, уӕд тынг ӕхсызгонӕй йемӕ фембӕлдзӕн", — загъта Усик.

Гасситы Мурӕт Мӕскуыйы 3 декабры тӕрхонгӕнджыты скъуыддзагмӕ гӕсгӕ рамбылдта Денис Лебедевы IBF версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпионы номыл тохы.

Ног хабӕртты лентӕ
0