Зӕгъойты Алан ӕрӕвнӕлдта тренировкӕтӕм травмӕйы фӕстӕ

© Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæИгрок ЦСКА Алан Дзагоев
Игрок ЦСКА Алан Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстойнаг футболисты ныфс ис иу къуыримӕ йӕ спортивон формӕмӕ ӕрцӕуын.

ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik. Мӕскуыйаг футболон клуб ӔЦСК ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Зӕгъойты Алан ӕрӕвнӕлдта тренировкӕтӕм йӕ фӕсонты травмӕйы фӕстӕ, загъта агентад "Р-Спорт"-ӕн футболист йӕхӕдӕг.

Зӕгъойты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, проблемӕтӕ фӕзындысты отпускы фӕстӕ, йӕ уӕлдай килограмтӕ аппарыны тыххӕй активонӕй куы тренировкӕ кодта, уӕд.

Игрок ЦСКА Алан Дзагоев перед началом матча 6-го тура чемпионата России - Sputnik Хуссар Ирыстон
ӔЦСК тренер Зӕгъойты Аланы ацыд схуыдта дам-дум

"Баппӕрстон уӕлдай цыппар-фондз килограммы. 27 декабрӕй фӕстӕмӕ райдыдтон активонӕй тренировкӕ кӕнын отпускы, Дубаийы иудадзыг хъазыдтӕн теннисӕй, фӕлӕ 5-6 январы, дыууӕ кило аппаринаг ма мын куы баззад, уӕд тынг срыстысты мӕ фӕсонтӕ. Ницы аразгӕйӕ, мӕ килограмтӕ, кӕй зӕгъынӕй хъӕуы, ӕвиппайды ӕрбаздӕхтысты. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, иу къуыри фаг уыдзӕн, цӕмӕй мӕ спортивон формӕ ӕрцахсон. Ныртӕккӕ активонӕй тренировкӕ кӕнын", — загъта Зӕгъойты Алан.

Спортсмен ма радзырдта, Испанийы цӕуӕг ӔЦСК-йы ахуырадон-тренировкӕгӕнӕн сборты тыххӕй ног сӕйраг тренер Виктор Гончаренкойы къухдариуӕгадӕй, кӕцы фӕлвары хъазты ног схемӕ.

"Нырма мын тынг зын у. Фӕлӕ алыхатдӕр афтӕ вӕййы, куы фӕфӕнды тагъддӕр спортивон формӕйы бацӕуын. Хорз зӕрдӕуы уаг мын ис, лӕппуты уынд мын тынг ӕхсызгон у. Цӕсгомджынӕй кусӕм, уый ӕмрӕстӕджы ахуыр кӕнӕм ног домӕнтыл. Абон бафӕлвӕрдтам тренировкӕты ног схемӕ", — загъта Зӕгъойты Алан.

2017 азы фыццаг тренировкӕгӕнӕн сбор ӔЦСК уадзы Испанийы. Уый адарддӕр уыдзӕн 22 январы онг. ӔЦСК 21 ӕмӕ 22 январы ахъаздзысты хӕларадон матчтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0