Дзӕуджыхъӕуккаг стадион "Спартак"-ы цалцӕгӕн рахицӕн кӕндзысты 60 млн сомы

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæРеконструкция стадиона
Реконструкция стадиона - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ФК "Спартак – Дзӕуджыхъӕу"-ы къухдариуӕгад ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны къухдариуӕгады ӕмбырды рӕстӕджы ныхас цыд футболы райрӕзтыл, стадионы цалцӕгыл ӕмӕ республикӕйы сӕйраг клубы футболистты чысыл куыстмыздтыл.

ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik, Болататы Алина. Дзӕуджыхъӕуккаг стадион "Спартак"-ы цалцӕгӕн рахицӕн ӕрцыд 60 млн сомы. Уыдонӕй 50 млн райстӕуыд ӕмбӕлон федералон программӕйы хаххыл, аннӕ 10 та — республикон фӕрӕзты хыгъдӕй. Уый тыххӕй хицауады сӕрдар Тускъаты Таймураз фехъусын кодта клубы цӕстдарӕн советы рабадты рӕстӕджы.

Осетинские болельщики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы Спартак фӕнд кӕны хуыздӕр фондз командӕты номхыгъдмӕ бахауын

"Физикон культурӕ ӕмӕ спорты министрады хъӕппӕрисы фӕрцы стадион бахауд федералон программӕмӕ. Мах сцалцӕг кӕндзыстӕм куыд стадион, афтӕ трибунӕйы бын хатӕнтӕ дӕр, цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕн уа фадат ӕххӕстӕй спортыл хӕст кӕнын", — загъта Тускъаты Таймураз.

Ӕмбырды рӕстӕджы ма схӕцыдысты ФК "Спартак — Дзӕуджыхъӕу"-ы футболистты чысыл куыстмыздты фарстыл дӕр.

Спорты министр Бӕройты Хасан банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд футболисттӕ стыр мыздтӕ нӕ исынц, уӕддӕр ӕрвылбон дӕр цӕуынц тренировкӕтӕм ӕмӕ кусынц цӕсгомджынӕй.

"Командӕйы ӕрмӕстдӕр ӕхсӕз адӕймаджы исынц фӕйнӕ 33 мин сомы. Ис футболисттӕ, кӕцытӕ исынц фӕйнӕ 15, фӕйнӕ 12 мин сомы. Фӕлӕ уыдон ӕрбацӕуынц ӕмӕ ӕрвылбондӕр тренировкӕ кӕнынц. Уымӕн аргъ кӕнын хъӕуы", — загъта Бӕройты Хасан.

Ног хабӕртты лентӕ
0