Гасситы Мурӕты дыууæ спортивон хæдоны балхæдтой Хуссар Иры боксы музейæн

© Sputnik / Алина БолатаеваАукцион Мурата Гассиева
Аукцион Мурата Гассиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Номдзыд ирон боксер Гасситы Мурæты дзаумæттæ æмæ æрмкъухтæ, кæцыты уый архайдта уæлахизхæссæг фембæлды Денис Лебедевимæ, ныууæй кодтой аукционы. Гасситы Мурæт йæхæдæг социалон хызæджы фехъусын кодта, мадзалы кæй æрæмбырд кодтой милуан сомæй фылдæр.

ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Дзæуджыхъæуы хæрзаудæн аукционы ирон боксер Гасситы Мурӕты дыууæ спортивон хӕдоны балхæдтой Хуссар Ирыстоны фидæны боксы музейæн, фехъусын кодтой Sputnik РХИ президенты пресс-службӕйы.

Гасситы Мурӕт йæхæдæг социалон хызæджы фехъусын кодта, мадзалы кæй æрæмбырд кодтой милуан сомæй фылдæр.

"Мадзал цæттæ кодтам иу мæйы дæргъы, æрӕмбырд ис милуан сомæй фылдæр. Мæ хайбавæрд чысыл у, æз дæн спортсмен æмæ мæ хæс у Уæрæсейы спортивон кад хъахъхъæнын æхсæнадæмон турнирты. Фæлæ кæм фæнды ма уон — мæ зæрдæйы иу хай кӕддӕриддæр ис мæ адæмимæ", — ныффыста Гасситы Мурӕт.

Уый ма банысан кодта, фæрæзтæ здæхт кӕй æрцæудзысты Дзæуджыхъæуы Ногдзауты галуан сцалцæг кæныны нысанмæ.

Встреча Мурата Гассиева с болельщиками в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт: мæ уæлахизтæ иууылдæр нывонд кæнын Ирыстонæн

"Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы фæрæзтæ фаг не ʻсты, фæлæ уал мах сарæзтам фыццаг къахдзæф. Уырны мæ, бынтон чысыл рæстæг рацæудзæн æмæ ацы галуанæй рацæугæ нывгæнджытæ, артисттæ æмæ инженертæ нæ бæстæйы кад дунейыл айхъуысын кæндзысты!", — бафтыдта боксер.

Хæрзаудæн аукционы ма уæй æрцыдысты Гасситы Мурӕтæн (Ирон) йæ æрмкъухтæ 310 мин сомæй, цыбыркъах хæлаф 250 минæй, сау спортивон хæдон 100 минæй, урс спортивон хæдон 70 минæй.

Мадзалы кæрон Гасситы Мурӕты схорзæхджын кодтой майдан "Владикавказ — город воинской славы"-йæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0