Ирон дзюдоисттæ рамбылдтой 5 хорзæхы æппæтуæрæсейон турниры

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæЕвропæйы хъæзтытæ дзюдойæ
Европæйы хъæзтытæ дзюдойæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон дзюдоисттæ, кæцытæ æндæр бæстæты тырысаты бын ерыс кодтой æппæтуæрæсейон турниры Грозныйы, рамбылдтой æндæр æмæ æндæр æргъты 5 майданы.

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. Дзюдойæ ирон скъолайы хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой 5 майданы Хусейн Исаевы номарæн æппæтуæрæсейон ерысты, кæцытæ уагъд цыдысты Грозныйы, хъусын кæны портал Оssetia.news.

Ӕндæр æмæ æндæр бæстæты æмбырдгонды сконды архайгæйæ, ирон спортсменты къухты бафтыд 2 сыгъзæрин æмæ 3 бронзæ майданы. 

Хуссар Ирыстоны иунæг дзюдойы скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæбæраты Инал: Хуссар Ирыстон схъомыл кæндзӕн зынгæ дзюдоистты

Уæлдæр хорзæхтæ сæхи уæзы категориты рамбылдтой Станислав Семенов, кæцы тох кодта Уæрæсейæн æмæ Бестауты Отар, кæцы хъахъхъæдта Киргизийы спортивон кад.

Уæрæсейы æмбырдгонды турниры бронзæйон призертæ ссисты Къалаты Алим æмæ Годжысаты Василий. Афтæ ма бронзæ райста Фердинад Карапетян Сомихстоны спортивон кад хъахъхъæнгæйæ.

Ерысты хайад райстой 203 спортсмены дунейы аст бæстæйæ, уый нымæцы Уæрæсейæ. Спортсменты ′хсæн уыдысты олимпиаг хъæзтыты хайадисджытæ, континенталон æмæм дунейон турнирты уæлахиздзаутæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0