Ирыстоны сылгоймæгты æмбырдгонд хъæбысхæстæй рамбылдта 18 майданы

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæИрыстоны сылгоймæгты æмбырдгонд хъæбысхæстæй рамбылдта 18 майданы
Ирыстоны сылгоймæгты æмбырдгонд хъæбысхæстæй рамбылдта 18 майданы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны сылгоймæгты æмбырдгонд уæгъдибар хъæбысхæстæй равдыста иттæг хорз фæстиуæг ЦКФЗ-ы фыццагады, 18 майданы рамбулгæйæ

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. Дагестайнаг Избербашы ацыд уæгъдибар хъæбысхæстæй ЦКФЗ-ы фыццагад 16 азы кары онг сылгоймæгты æхсæн, цы ран Ирыстоны æмбырдгонд рамбылда 18 æндæр æмæ æндæр кæпхæны майданы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты министрады пресс-службæ.

Европæйы хъæзтытæ дзюдойæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон дзюдоисттæ рамбылдтой 5 хорзæхы æппæтуæрæсейон турниры

Ирон спортсменкæтæ равдыстой бæрзонд фæстиуджытæ – рамбылтой 9 сыгъзæрин, 5 æвзист æмæ 4 бронзæйон майданы хицæн уæзы категориты.

Пьедесталы фыццаг къæпхæныл æрлæууыдысты Гайсанты Диана, Брытъаты Алина, Гуцаты Айза, Марзойты Мæдинæ, Гогаты Элина, Танделаты Амина, Кæсæбиты Алина, Марзойты Джульетта æмæ Овчарова Эллада. Ерысты æвзист призертæ ссисты Коцты Виктория, Кузнецова Диана, Челохсаты Дали, Тедеты Дзерассæ æмæ Къесаты Орнелла. Бронзæйы хицæуттæ ссисты Плиты Элина, Зурапова Амина, Анна Барсегян æмæ Бураты Каролина.

Сыгъзæрин призер Танделаты Аминæйы ма рахицæн кодтой сæрмагонд призæй – "Хуыздæр техникæйы тыххæй".

Турнир у æвзæрстон Уæрæсейы фыццагадмæ, кæцы ацæудзæн октябры Смоленскы.

Ног хабӕртты лентӕ
0