Хуссарирыстойнаг боксеры къухты бафтыд фыццаг уæлахиз Пивоваровы турниры

© Sputnik / Фатима ПлиеваБокс
Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрыгон спортсмен хъахъхъæны цхинвайлаг боксерон клуб "Ирон"-ы кад, йемæ ма турниры архайынц клубы хъомылгæнинæгтæй ноджы дыууæ

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвайлаг боксер, клуб "Ирон"-ы минæвар Къæбысты Георгийы къухты бафтыд фыццаг уæлахиз Пивоваровы номыл турниры, фехъусын кодта Sputnik спортмены тренер Чехойты Алан.

Чызджыты бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бамбæхсут! Чызджытæ-боксертæ

Леонид Пивоваровы номыл турнир æрбайгом майрæмбоны Санкт-Петербурджы. Хайад дзы райсдзысты 380 æрыгон боксеры. Хуссар Ирыстоны кад турниры хъахъхъæнынц боксерон клуб "Ирон"-ы хъомылгæнинæгтæй æртæйæ – Кæбысты Георгий, Джиоты Вадим æмæ Алан Аль-Дамари.

"Абон нæ боксеры къухты бафтыд фыццаг уæлахиз. Къæбысты Георгий рамбылдта Глеб Дитвиненкойы Мурманскæй. Уæлахиз ын радта фадат æрдæгфиналмæ ахизынæн, цы ран фембæлдзæн бынæттон боксер Максим Тумахимæ", — загъта Чехойты Алан.

Георгийыл цæуы 12 азы, уый архайы 2004-2005 азты гуырд спортсменты кары къорды.

Чехойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, Георгий боксæй архайы нырма афæдз æмæ æрдæг, фæлæ йын ис стыр фидæн æмæ дзы тренер æвæры стыр ныфс.

Чехойты Алан ма бафтыдта, майрæмбоны ма рингмæ кæй рахиздзысты ноджы дыууæ боксеры Хуссар Ирыстонæй – Алан Аль-Дамари æмæ Джиоты Вадим.

Ног хабӕртты лентӕ
0