Рæмонаты Сослан рахиздзæн гауызмæ æхсæнадæмон турниры Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Алексей КовалевРæмонаты Сослан
Рæмонаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы стох кæндзысты олимпиаг чемпионтæ Рæмонаты Сослан, Абдулрашид Садулаев, Джамал Отарсултанов, дунейы чемпионтæ Цæболты Хетик, Билял Махов æмæ æндæртæ

ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik. Дзæуджыхъæуы 18-19 ноябры уагъд æрцæудзæн уæгъдибар хъæбысхæстæй æхсæнадæмон турнир "Алантæ", уый тыххæй фехъусын кодта 15 регион республикæйы спорты министрады пресс-службæйыл æнцойгæнгæйæ.

Борец Сослан Рамонов. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рæмонаты Сослан райста Шевалье Нусуевы турниры сыгъзæрин

Турнир ацæудзæн Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрис æмæ æххуысæй. Мадзалы организатортæ сты Цæгат Ирыстоны хицауад, хъæбысхæсты иугонд дуне æмæ Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федераци.

Турниры призон фонд у 80 мин доллары бæрц: 1-аг бынат — 5000$, 2-аг бынат — 2000$, 3-аг бынат — 1000$; уæлахиздзауы тренер — 1000$.

Ерысты хайад райсыны фæдыл сæ разыдзинады тыххæй фехъусын кодтой 11 бæстæйы æмбырдгæндтæ, уыдон нымæцы Уæрæсе, Гуырдзыстон, Украинæ, Казахстан, Белорусси, Сомихстон, Монголи, Словаки, Германи, Турк, Болгари.

Ног хабӕртты лентӕ
0