Дзюдо Цхинвалы: чызджытæ тохы

© Sputnik / Наталья АйриянДзюдоисткæтæ тохы
Дзюдоисткæтæ тохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы дзюдойы секцийы уæлидзинад кæны чызджыты нымæц, хицæн кæнынц уыдон сæ спортивон æнтыстытæй дæр

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг дзюдоисткæтæ стох кæндзысты Цæгат Ирыстон — Аланийы турниры призтыл. Ныридæгæн фæсивæдæн цæуы активон тренировкæтæ, уыдон хъавынц ерысты уæлдæр хорзæхтæ æрхæссын.

Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы дзюдо æмæ самбойы секцийы уæлидзинад кæны чызджыты нымæц – секцийы архайы 20 чызджы. Зынгæ къаддæр уым у лæппуты нымæц. Чызджытæ хицæн кæнынц сæ спортивон æнтыстытæй дæр.

© Sputnik / Наталья АйриянДзюдоисткæтæ тохы
Девушки - дзюдоистки - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзюдоисткæтæ тохы
Ацы секцийы татами амондджын разынд Ӕлборты Аланæйæн. Уый архайы 70 кг уæзы æмæ бирæнымæц уæлахизты фæрцы ныр цæттæ кæны йæхи Уæрæсейы сгуыхт тренер Гæбæраты Автандилмæ. Цхинвайлаг дзюдоисткæ ис Уæрæсейы олимпиаг резервы скъолайы сконды. Уый фæндагыл слæууыдысты секцийы аннæ чызджытæ дæр.

Фæлæ уыдонæй иууыл æнтыстджындæрыл тренертæ ныртæккæ нымайынц Цхуырбаты Кристинайы.

"Кристинайæн йе 'фсымæр дæр цæуы цæттæ кæнынмæ, фæлæ уымæн уыйбæрц æнтыстытæ нæй. Кристина нын уæйыг чызг у. Иу турнирæй дæр æнæ майдан не ʻрыздæхы", — зæгъы йæ тренер Тъуриты Тенгиз.

14-аздзыд дзюдоисткæйæн йæ активы ис 15 майданы æмæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, уый нырма у старт.

"Ис мын иууыл бæрзонддæр аргъы 5 майданы æмæ 10 призон бынаты. Майрæмбоны нæ нæ тренер кæны Беслæнмæ дзюдойы ерыстæм æмæ уым дæр хъуамæ стох кæнæм иттæг хорз", — дзуры чызг.

© Sputnik / Наталья АйриянДзюдоисткæтæ тохы
Дзюдоисткæтæ тохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Дзюдоисткæтæ тохы
© Sputnik / Наталья АйриянДзюдоисткæтæ тохы
Дзюдоисткæтæ тохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Дзюдоисткæтæ тохы
© Sputnik / Наталья АйриянДзюдоисткæтæ тохы
Дзюдоисткæтæ тохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Дзюдоисткæтæ тохы
© Sputnik / Наталья АйриянДзюдоисткæтæ тохы
Дзюдоисткæтæ тохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Дзюдоисткæтæ тохы
1/4
Дзюдоисткæтæ тохы
2/4
Дзюдоисткæтæ тохы
3/4
Дзюдоисткæтæ тохы
4/4
Дзюдоисткæтæ тохы

Ноджы ма иу фæзминаг дæнцæг фæсивæдæн у сæ тренер — Советон Цæдисы спорты мастер, фыццаг категорийы тренер Тъуриты Тенгиз. Уый у иунæг спортсмен Хуссарирыстойнаг автономон областæй, кæцы рамбылдта Советон Цæдисы ерыстæ самбойæ 1974 азы. Уый тынг ауды йæ хъомылгæнинæгтыл æмæ сын се 'нтыстытæй у сæрбæрзонд. 

"Хорз фæсивæд мæм ис, чызджытæ та уæлдай тынгдæр арахайынц. Бæллын уыдон дунейы ерысты фенын æмæ та спорты руаджы Ирыстоны ном ногæй скадджын кæнын", — загъта тренер.

Фæсивæды цæттæ кæныны процесс цæуы бон дыууæ сахаты бæрц. Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы дзюдоисттæ сæ куыст балхынцъ кæнынц изæры фондз сахатыл, уыцы рæстæгмæ та гауызмæ æрбагуылф кæнынц чысыл уæгъдибар хъæбысхæцджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0