Чилæхсаты Георгий æмгъуыдæй раздæр рамбылдта тох Уæрæсейы чемпионы номыл

Рафыссын
Кæсут видеойыл ирон боксеры цымыдисон тох Евгений Павкоимæ

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Фыццаг астæуккаг уæзы Уæрæсейы чемпионы номыл фембæлд ацыд къуырисæры, 27 ноябры, тох цыд Чилæхсаты Георгий æмæ Евгений Павкойы ʻхсæн, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрад.

Фембæлд рауад цымыдисон – дыууæ боксер дæр сæ тых радтой æмæ кæрæдзийæн нæ барстой. Фæндзæм раунды Павкойæн бантыст Георгийы банкъуысын кæнын, фæлæ уый тагъд æрцыд йæхимæ. Тохы дæсæм раунд рауад кæройнаг – Георгий ныццавта йæ ныхмæлæууæджы сæр æмæ игæр, уый фæстæ кæд Павко сыстад, уæддæр рефери, йæ уавæрмæ кæсгæйæ, æрлæууын кодта тох.

Дыууæ боксер ма фембæлдысты рингыл 2012 азы. Фæмбæлд сын уыд дебютон æмæ ахицæн æмдыхæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0