Тыхджын фысымтæ: "Фæранк"-ы командæтæ ныддæрæн кодтой иннæ футболистты

© Sputnik / Алексей КовалевЧемпионат "Иры сомбон"
Чемпионат Иры сомбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ къуырийы дæргъы Цхинвалы цыд турнир футболæй сывæллæтты командæты хсæн

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы фæбæрæг сты сывæллæтты хуыздæр футболон командæтæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Зассеты Владимиры номарæн турниры фæлгæтты. Хъæзтытæ цыдысты футболон скъола "Фæранк"-ы фæзуатыл, фехъусын кодтой Sputnik фæсивæдон комитеты пресс-службæйы.

Дыууæ къуырийы дæргъы уагъд цæуæг ерысты уæлахиздзау æмæ бронзæйон призертæ сситы футболы скъола "Фæранк"-ы фыццаг æмæ дыккаг командæтæ, æвзист райста сывæллæтты футболы скъолайы командæ.

"Фæнды нæ ног азы турниры гуырахст рауæрæх кæнын æмæ æрхонын абхазаг æмæ уæрæсейаг командæты нæ ерыстæм. Стыр бузныгæй баззадыстæм, турнир ауадзынæн нын чи баххуыс кодта, уыдонæй — Зассеты Сергей, Зассеты Алексей, Гуыззытаты Эдуард æмæ Джиоты Аланы фæрцы призертæ æмæ уæлахиздзаутæ райстой лæвæрттæ", — хъусын кæны пресс-службæ футболон скъола "Фæранк"-ы директоры ныхæстæ.

Дзауы районы командæйы сконды архайдтой дыууæ чызджы дæр, кæд командæ призертæм нæ бахауд, уæддæр чызджыты сбуц кодтой сæрмагонд призтæй.

Турнир у æрвылазон, цæуы ныр цыппæрæм хатт, азæй-аз фылдæр кæны йæ архайджыты нымæц. Ацы аз дзы хайад райстой горæт Цхинвал æмæ Дзауы районы командæтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0