Фадзайты Арсен: спортсментӕ хъуамӕ ацӕуой Олимпиадӕмӕ ӕмӕ рамбулой

Рафыссын
Фадзайты Арсен комментаритӕ сарӕзта, Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды Олимпиадӕ-2018 кӕй нӕ бауагътой, уый тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Къӕбысты Анна. Уӕрӕсейаг спортсментӕ хъуамӕ ацӕуой Пхенчханмӕ ӕмӕ суой олимпиаг чемпионтӕ, загъта Sputnik Федерацийы Советы сенатор Цӕгат Ирыстонӕй, дыууӕ хатты олимпиаг чемпион Фадзайты Арсен.

"Ӕз цӕхгӕр разы нӕ дӕн, цӕмӕй нӕ спортсментӕ ма ацӕуой Олимпиадӕмӕ. Уыдон хъуамӕ ацӕуой, хайад райсой ӕмӕ суой уӕлахиздзаутӕ. Мах рамбулдзыстӕм ӕмӕ уымӕй зӕгъдзыстӕм, кӕй стӕм алкӕмӕй тыхджындӕр", — загъта сенатор.

Фадзайты Арсен банысан кодта, спортсментӕ сӕхи кӕй цӕттӕ кӕнынц Олимпиаг хъӕзтытӕм ӕмӕ сын уым хайад райсыны фадат чизоны царды иу хатт йедтӕмӕ ма уа.

Республикон сывӕллӕтты боксы скъолайы директор Кокойты Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксы тренер: ӔОК уынаффӕ дӕлдзиныг кӕны Ирыстоны бартӕ

Афтӕ ма уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, йӕхӕдӕг дӕр 1992 азы Советон Цӕдисы ныппырхы тыххӕй Олимпиадӕйы хайад кӕй райста иумӕйаг тырысайы бын.

Ӕхсæнадæмон Олимпиаг комитеты уынаффæмæ гæсгæ Уæрæсейы æмбырдгондæн бар нæй бæстæйы тырысайы бын архайын Хуссар Кореяйы Олимпиадӕ-2018-ы. Ахæм уынаффæ рахаста ӔОК æххæстком Лозаннæйы. ӔОК банымадта сбæлвырдгондыл, Уæрæсейы паддзахадон æмвæзадыл кӕй уыд допингæй пайда кæнын системæ.

Хъæзтыты архайыны бар ис æрмæстдæр допингæй пайда кæныны азымджын чи нæ цæуы, уыдонæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0