Ирон спортсменкæтæ ссисты æппæтуæрæсейаг турниры призертæ

© Министерство спорта РСО-АланияИрон спортсменкæтæ ссисты æппæтуæрæсейаг турниры призертæ
Ирон спортсменкæтæ ссисты æппæтуæрæсейаг турниры призертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къæбысты Марианна æмæ Къæбулты Мæдинæ ма райстой "Уæрæсейы спорты дæсныты" нæмттæ дæр

ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik. Ирон спорсменкæтæ хайад райстой Советон Цæдисы хъайтар Камозины номарæн æппæтуæрæсейаг турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй, кæцы ацыд Брянскы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.

Къæбысты Марианна рамбылдта сыгъзæрин майдан 66 кг уæзы категорийы. Къæбулты Мæдинæ (69 кг) ссис ерысты æвзист призер. Турниры фæстиуджытæм гæсгæ, дыууæ чызг дæр сæххæст кодтой "Уæрæсейы спорты дæсныйы" норматив.

Спортсменкæты тренертæ сты Плиты Алан æмæ Аслан æмæ Тъуриты Станислав.

Ног хабӕртты лентӕ
0