Ӕрыгон ирон самбисттæ рамбылдтой æртæ сыгъзæрин майданы

© "15-Й РЕГИОН"Ӕрыгон ирон самбисттæ рамбылдтой æртæ сыгъзæрин майданы
Ӕрыгон ирон самбисттæ рамбылдтой æртæ сыгъзæрин майданы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртæ цæгатирыстойнаг спортсмены схызтысты Коняевы призтыл æрыгæтты æхсæн турниры пьедесталы фыццаг къæпхæнтæм

ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik. Спорткомплекс "Динамо"-йы уагъд æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Коняевы ном арынæн фыццаг гом фæсивæдон турнир самбойæ "Электроцинк"-ы призтыл, хъусын кæны 15 Регион.

Ирон спортсменкæтæ ссисты æппæтуæрæсейаг турниры призертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон спортсменкæтæ ссисты æппæтуæрæсейаг турниры призертæ

Ерысты хайад райстой самбойы скъолайы 2002-2003 азы гуырд 100 минæварæй фылдæр РЦИ-Алани, Хуссар Ирыстон, Кæсæг-Балхъар, Дагестан, Мæхъæл, Цæцæн æмæ Ставрополы крайæ.

Турниры организатортæ уыдысты "Электроцинк" æмæ Цæгат Ирыстоны Самбойы федераци. Мадзалы цытджын уазæг ссис Виктор Коняевы чызг Татьяна Коняева.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ, цæгатирыстойнаг спортсментæй æртæйæ — Колыты Тамерлан, Дзиццойты Артур æмæ Попов Таймураз бацахстой фыццаг бынæттæ категоритæм гæсгæ, фараст спортсмены къухты бафтыд æртыккаг æмæ дыууæйы та — дыккаг бынæттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0