Цхинвайлаг Гæджиты Гурам æмæ Багаты Марат ссисты Ирыстоны чемпионтæ боксæй

© Sputnik / Дзигойты Ацæмæзы архивæй къамГæджиты Гурам æмæ Багаты Марат
Гæджиты Гурам æмæ Багаты Марат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лæппутæм февралы æнхъæлмæ кæсынц Цæгат Кавказы Федералон зылды ерыстæ, кæцытæ кæнынц фæндаг Уæрæсейы фыццагадмæ

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дыууæ цхинвайлаг боксеры – Гæджиты Гурам æмæ Багаты Марат рамбылдтой Цæгат Ирыстоны фыццагад боксæй. Турниры ма йæ хорз тохты фæрцы Гурам нымад æрцыд фыццагады хуыздæр боксерыл дæр, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Дзигойты Ацæмæз.

Уæлахиздзаутæ турниры архайдтой 46 æмæ 40 кг уæзы категориты.

"Хорз тохтæ фенын кодтой дыууæ лæппу дæр. Ацы ерыстæ сын уыдысты æвзарæн Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæм, кæцытæ цæудзысты февралы райдайæны. Уым дæр ма куы расгуыхой, уæд та нæм æнхъæлмæ кæсы Уæрæсейы фыццагад", — загъта тренер.

Дзигойты Ацæмæз ма банысан кодта, йæ хъомылгæнинаг Гæджиты Гурам алкæцы турниры дæр кæй ныддæрæн кæны йæ ныхмæлæуджыты.

"Уый нырмæ иу æмбылд дæр никуы фæцис — райста та йæ радон 26-æм сыгъзæрин майдан ацы турниры. Ам уый турниры хатдзæгтæм гæсгæ банымадтой "ерысты хуыздæр боксерыл дæр", — балхынцъ кота тренер.

Ног хабӕртты лентӕ
0