Индийы Лига: Цæболты Хетæг рамбылдта йæ ныхмæлæууæджы 10:0 хыгъдæй

Рафыссын
Индийы цæуы клубон чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй, хицæн клубты сконды уым архайынц Цæболты Хетæг, Рæмонаты Сослан, Ӕлборты Асланбег æмæ Кетойты Георгий

ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik. Дунейы чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй Цæболты Хетæг Индийы Лигайы йæ клуб "Haryana Hammers"-æн æрхаса фыццаг уæлахиз. Ирон богал 10:0 хыгъдæй рамбылдта клуб "Veer Marathas"-ы минæвар Парвин Раны, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрад.

Сослан Рамонов «Воины Мумбаи» - Гаджи Алиев «Султан Дели» - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рæмонаты Сослан фæуæлахиз ис Индийы Лигайы

Клуб "Haryana Hammers"-æн ма ноджы иу уæлахиз та архаста Риойы олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау Владимир Хинчегашвили, уый хыгъд сæ клуб рамылдта йæ ныхмæлæууæг "Veer Marathas"-ы. Лæмæгъдæр клубы сконды архайдта æндæр ирон богал Кетойты Георгий. Ирон хъæбысхæцæг рамбылдта йæ тох, фæлæ иумæйаг хыгъды клуб фембылд.

Турниры фыццаг боны иууыл ахсджиагдæр тох ссис дунейы чемпион Азербайджанæй Гаджи Алиев æмæ олимпиаг чемпион Ирыстонæй Рæмонаты Сосланы æхсæн. Ацы фембылды тыхджындæр разынд ирон хъæбысхæцæг. Чемпионаты ма архайы дунейы чемпионаты призер Ӕлборты Асланбег дæр.

Финалон тохтæ ацæудзысты 26 январы. Йæ бюджетмæ гæсгæ, ацы Лига у дунейон лидер æмæ дзы традицион æгъдауæй хайад исынц дунейы тыхджындæр богалтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0