Гасситы Мурæт адих кодта "Афæдзы боксер"-ы ном цæцæйнаг спортсменимæ

Рафыссын
Боксертæ фæстаг минутты онг цыдысты æмвæз – хъæлæскæнынад ахицæн æмдыхæй

ЦХИНВАЛ, 15 янв— Sputnik. IBF версимæ гæсгæ дунейы чемпион Ирыстонæй Гасситы Мурæт æмæ IBF версимæ гæсгæ дунейы чемпион æрдæгуæззау уæзы, цæцæйнаг боксер Артур Бетербиев рахызтысты уæлахиздзаутæй Уæрæсейы хуыздæр боксеры номыл хъæлæсæппæрсты. Хъæлæскæнынад бакодта портал "Sportbox.ru" декабры кæрон.

ИРОН - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæты цардвæндаг: чемпионы тыххæй систой киноныв

Гасситы Мурæт æмæ Артур Бетербиев æвиппайды рахызтысты турниры лидертæм, фæстаг минутты онг дæр ма спортсментæ цыдысты æмвæз – алчидæр сæ райста 50 процентæй чысыл къаддæр хъæлæстæ. Боксертæ райстой фæйнæ 47.64 проценты — афтæмæй хъæлæскæнынад ахицæн æмдыхæй. Хъæлæсæппæрсты аннæ хайадисджытæ райстой 5 процентæй къаддæр иумæйагæй.

Ӕрфарсты хайад райстой 150 000 адæймагай фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0