Цхинвайлаг Тыбылты Тамерлан ссис Уæрæсейы хуссары тыхджындæр боксер

© Sputnik / Хаситы Владиславы архивæй къамТыбылты Тамерлан ЦКФЗ уæлахиздзау
Тыбылты Тамерлан ЦКФЗ уæлахиздзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæ хъомыглæнинаджы уæлахизыл цин кæнынц Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы æмæ Аивæдты лицейы. Тыбылты лæппу ахызт Уæрæсейы фыццагадмæ

ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы хъомылгæнинаг Тыбылты Тамерлан рамбылдта Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ 64 кг уæзы, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Гæбæраты Гамлет.

Юниорты хсæн ЦКФЗ фыццагад цыд Грознæйы. Ирыстоны командæйы сконды архайдтой 9 боксеры, уыдонæй æрмæстдæр Тамералан схызт фыццаг къæпхæнмæ.

"Ӕртæ тохы йæм æрхаудта ЦКФЗ ерысты æмæ сæ аскъуыддзаг кодта йæхи пайдайæн. Ацы ерысты фарон дæр архайдта, фæлæ уæд райста æрмæст æвзист майдан. Кæд ерыстæ Уæрæсейы чемпионатæй статусмæ гæсгæ сты бындæр, уæддæр дзы конкуренци къаддæр нæ вæййы, уымæн æмæ Цæгат Кавказы республикæты ис иууыл тыхджын спортсментæ", — загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, лæппу спортæй дарддæр æндæр хъуыддæгты дæр кæй у фæзминаг.

"Сыгъзæрин лæппу нын у Тыбылты Тамерлан, Аивæдты лицейы ахуыр кæны æмæ уым дæр у æнтыстджын. Боксы йæ хицæн кæны куыстуарзондзинад, йæхицæн иу уысм дæр улæфт нæ дæтты", — балхынцъ кодта Гæбæраты Гамлет.

Тыбылты Тамерлан цæттæ кæны Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы теренертæ Хаситы Владислав, Гæбæраты Гамлет æмæ Цоциты Эдгар къухдариуæгады бын.

Ирыстонæй ма ерысты архайдтой дзæуджыхъæуккаг боксертæ, уыдонæй та Тыбылты Александр æмæ Гаглойты Дауыт ссисты бронзæйон призертæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0