Сергей Безруков фембӕлд Цхинвалы йӕ аивадӕн табугӕнджытимӕ

Рафыссын
Фестиваль "Уазӕгуаты Гергиты Ларисӕмӕ"-йы фæлгæтты æмæ Хуссар Ирыстоны минæвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыры ахъазæй Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыд кино æмæ театры артист Сергея Безруковы сфæлдыстадон изæр.

Мадзал æрбамбырд кодта йедзаг зал. Цæмæй алкæйдæр бынат фæуыдаид, уый тыххæй киноконцертон зал "Чермен"-ы бахъуыд уæлæмхас бандæттæ сæвæрын.

Дунейыл зындгонд артистæн æхсызгон хабар ссис Хуссар Ирыстоны адæмон артисты ном ын лæвæрд кæй æрцыд, уый. Ацы цытджын хорзæх Безруковӕн балæвар кодта президент Тыбылты Леонид.

Безруков банысан кодта, республикæйы адæмон артисты ном ыл кæй æвæры хæс, цӕмӕй 2016 азы республикӕмӕ æрласа Мæскуыйаг губернон театры труппæ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмтеатры ног арæзт бæстыхайы сæвæра фыццаг спектакль.

Ног хабӕртты лентӕ
0