Фидауынгӕнӕг ссис минӕвар: Кулахметов та ӕрцыд Хуссар Ирмӕ

Рафыссын
Уæрæсейы ног минæвар Хуссар Ирыстоны радта æууæнчы грамотæ президент Бибылты Анатолиймæ

УФ-йы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов радта æууæнчы грамотæ республикæйы президентмæ æмæ банысан кодта, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ахастытæ кæй æнцой кæнынц фидар бадзырдон-барадон бындурыл æмæ бирæ нымæц документтыл.

"Уый у фидар бындур нæ æмцæдисон ахастытæн. Мæ куысты æз сæйраг хъусдард здахдзæн Хуссар Ирыстоны рæзтмæ куыд нырыккон демократон паддзахадæн ахъаз кæнынмæ, йæ æдасдзинад ифтонг кæнынмæ æмæ республикæйы размæцыды фарстытæм социалон-экономикон къабазы", — загъта Кулахметов.

Республикæйы президент "æгас цу" загъта УФ-йы ног минæварæн, æмæ бахахх кодта, "республикæйы йæ хорз кæй хъуыды кæнынц".

"Ам уæ зонынц æмæ уæ нæ рох кæнынц. Ӕхсызгон нын у, ды кæй хъахъхъæндзынæ Уæрæсейы интерестæ Хуссар Ирыстоны. Ӕнæдызæрдыг дæн, проблемæтимæ зонгæ кæй дæ, уый ахъаз кæй уыдзæн нæ бæстæты æхсæн ахастытæ фæфидар кæнынæн", — загъта Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0