Санаторий "Ныфс": Куыд улæфынц æмæ цæмæй хос кæнынц

Рафыссын
Пансионаты улæфджытæ æрцыдысты ӕндæр æмæ æндæр рæттæй - Цхинвал, Ленингор, Знауыр, Дзæуджыхъæу, æгæрыстæмæй Мæскуыйæ дæр ӕмӕ сты тынг райгонд сӕ уавӕртӕй.

Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Нагутнийы хъæумæ хæстæг уæвынад кæны æгас республикæйы иунæг хосгæнæн санаторий "Ныфс". Донæй дзæбæхгæнæн улæфæн бынат йæ дуæрттæ æрбакæны июлы райдианы. Ам горæты тыхызмæлд, ӕгуыппæг тæвд æмæ уæззау уæлдæфæй сæхи бааууон кæнын æмæ хосгæнæн донæй ваннæтæ райсынмæ æрвылаз дæр афæндараст вæййынц сæдæгай адæймæгтæ. Улæфæндонмæ дард фæндаджы фыдæбæттæ баххæст кæны алæмæттаг æрдз, сыгъдæг уæлдæф, æхсæрдзæнтæ, цæугæдоны сабыргæнæг сыр-сыр æмæ сабыр улæфтæн æппæт уавæртæ.

Санаторий "Ныфс" æнхъары æртæ хатты аходæн, къæхтæ, зæрдæ æмæ æндæр низтæн хоскæныны фадæттæ.

Хосгæнæндон "Ныфс" æрбынат кодта кæмтты ʻхсæн тар хъæды астӕу. Хæрзарæзт чысыл коттеджты нырма бирæ адæм нæ цæры, уыдон æрцыдысты ӕндæр æмæ æндæр рæттæй — Цхинвал, Ленингор, Знауыр, Дзæуджыхъæу, æгæрыстæмæй Мæскуыйæ дæр ӕмӕ сты тынг райгонд сӕ уавӕртӕй.

Чи сæ улӕфæндонмæ ʻрбафтыд фыццаг хатт, кæцыдæртæ та æрвылсæрд дæр сæ рæстæг арвитынц ам. Хосгæнæн процедурӕтӕй дарддӕр улæфджытæ сæхи ирхæфсынц бильярд, шахмæттæ, шашкӕтæ æмæ ӕндæр хъæзтытæй, хур куы фæкъул вæййы, уӕд та саразынц сæхицæн хъазт. Æххæст сты музыкалон инструменттæй дæр.

"Ныфс"-ы сæйрагдæр проблемӕтæй иу у электронон рухсы цухдзинад, афтӕ ма дзы нӕй мобилон бастдзинад дæр. Районы къухдариуӕгады фæрцы ам чысыл фæхуыздæр ис фæндагон бастдзинад, ныр та сын баныфсæвæрдтой аннæ зындзинӕдтæ аскъуыддзаг кæнынæй дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0