Бибылты Анатолий Мæскуыйы: президент сæвæрдта дидинтæ цырт-символмæ

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент ссардта Фыдыбæстæйы сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдон рухс нæмттæ. Церемонийы кадртæ

Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий сӕвӕрдта дидинджытӕ Ӕнӕном солдаты ингӕныл Мӕскуыйы.

Зынгхуыст хъайтарты ном ссардтой иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.

Дидинтæ сæвæрыны фæстæ церемонийы архайджыты раз цытджын маршæй рацыд хъарагъулы кады ротæ.

Æнæном солдаты ингæныл æвæрд цæуынц дидинтæ, Уæрæсейы сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдон рухс номыл. Ам сцыт кæнынц хъайтартæн фæсарæйнаг бæстæты делегациты къухдариуæггæнджытæ Уæрæсемæ балцыты рæстæджы.

Дарддæр кæны Хуссар Ирыстоны президенты официалон визит Уæрæсемæ. Бибылты Анатолий уӕрӕсейаг столицӕмӕ ӕрцыд къуырисӕры, уым ыл сӕмбӕлд Мӕскуыйаг гарнизоны цытджын хъарагъул. Уыцы бон бӕстӕйы сӕргълӕууӕг сӕмбӕлд Республикӕ Науруйы президент Барон Дивавеси Вакаимӕ. Дыццӕгмӕ та нывӕзтгонд сты Бибылты Анатолийы бадзырдтӕ УФ президент Владимир Путинимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0