Колыты Инал: Sputnik ӕмӕ президенты фӕрцы мын раивтой мӕ протезтӕ

Рафыссын
Президенты æххуысæй Колыты Иналæн ивд æрцыдысты йæ къæхты протезтæ, лæппу ныридæгæн ахуыр кæны æдæрсгæйӕ цӕуын йæ ног "къæхтыл"

Колыты Инал æрæджы æрыздæхт Мæскуыйы клиникæтæй иуæй, цы ран уымæн ивд æрцыдысты йæ протезтæ. Зынаргъ операци, кæцымæ лæппу бæллыд дæргъвæтин рæстæг, арæзт æрцыд президент Бибылты Анатолийы финансон æххуысы фæрцы.

Sputnik Иналы уæззау хъысмæтыл фыста 2017 азы августы, уый фæстæ социалон хызæджы фæзынд къордтæ, кæцытæ фæндыд баххуыс кæнын нæлгоймагæн. Ӕппæтадæмон сырх дзуры комитет йын æрæджы балхæдта инвалидон коляскæ, баххуысы фæнд радыстой йӕ мыггаджы адæм, депутаттæ, фæсарæнты цæрæг ирон адæм

Инал нырма цæуы ног протезтыл лæдзгуыты æнцой, фæлæ бонæй-бон йæ къахист рæвдздæр кæны. Раздæрау у æгуыст, фæлæ йæхи хоны амондджын сæ уынгыл æрзилын йæ бон кæй у иунæгæй, уый тыххӕй.

Колыты Инал ныридæгæн бæллы йæхиуыл бакусын æмæ сæрды абалц кæнын хæхтæм, дæс азы агъоммæ æрцæугæ бæллæххы размæ куыд уарзта, афтæ.

Гуырдзыстоны террористон фӕндтӕ раргом кӕныны тыххӕй Колыты Иналы спырх кодтой йӕ хӕдтулгӕйыл 2008 азы хӕсты агъоммӕ. Лӕппу фесӕфта йӕ дыууӕ къах дӕр ӕмӕ райста уӕззау цӕфтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0