Петербурджы ирон ӕхсӕнады ног сӕргълӕууӕгӕй равзӕрстой Наниты Петры

© Sputnik / Александр Демьянчук /  Ахизын медиабанкмæСанкт-Петербург
Санкт-Петербург - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Наниты Петры кандидатурӕйыл ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты Санкт-Петербурджы ирон ӕхсӕнады уӕнгтӕ иуылдӕр.

ЦХИНВАЛ, 15 май — Sputnik. Санкт-Петербурджы ирон ӕхсӕнады ног сӕрглӕууӕгӕй ӕвзӕрст ӕрцыд уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй дунейы чемпион Наниты Петр, хъусын кӕны баиугӕнды пресс-службӕ.  

Ӕхсӕнады раздӕры сӕрдар Коцты Борисы фыдгӕнджытӕ амардтой апрелы мӕйы райдианы. Уый мардӕй ссардӕуыд йӕ фатеры. Фыдракӕнды фӕаххосджын кодтой Борисы 26 аздзыд  фырт  Коцты Ренаты. Фӕдагурджыты версимӕ гӕсгӕ фырт йӕ фыды амардта бинонты быцӕуы рӕстӕджы.

Ирон змӕлды ног къухдариуӕггӕнӕджы ӕвзӕрстытӕ ацыдысты Петербурджы адӕмы хӕттыты хӕдзары. Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ‘ссардтой  Коцты Борисы рухс ном.

Гом хъӕлӕскӕнынады руаджы ирон ӕхсӕнады ног сӕргълӕууӕгӕй ӕвзӕрст ӕрцыд Наниты Петр. Уый загъта бузныджы ныхӕстӕ, ахӕм бӕрнон куыст ыл кӕй баууӕндыдысты, уый тыххӕй,  ӕмӕ баныфс ӕвӕрдта, ӕппӕтдӕр кӕй сараздзӕн ирон ӕхсӕнады дарддӕры рӕзтӕн.

"Не ‘змӕлд 20 азы дӕргъы ӕххуыс кӕны хистӕр кары адӕмӕн, студенттӕн, ахъаз кӕны нӕ республикӕйы курдиатджын фӕсивӕды размӕ кӕнынӕн, активон куыст кӕны кӕстӕр фӕлтӕримӕ,  хъахъхъӕны ирон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ. Ӕмӕ махӕн ныр нӕ хӕс у, цӕмӕй ӕхсӕнадӕн нырмӕ цы бантыст, уый бахъахъхъӕнын ӕмӕ дарддӕр рӕзты фӕндагыл цӕуын", — загъта змӕлды ног хистӕр.

Наниты  Петр — дуне, Европӕ ӕмӕ СССР- ы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй,спорты сгуыхт дӕсны. Петербурджы ирон змӕлды ӕмӕ Ирон фӕсивӕды цӕдисы активон хайад исын райдыдта 1985 азы спортӕй куы ацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0