Йӕ цардӕй ахицӕн зарӕггӕнӕг Жанна Фриске

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæЖанна Фриске
Жанна Фриске - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Жанна Фриске афӕдзӕй фылдӕр тох кодта сӕры магъзы ракимӕ, фӕлӕ йыл, хъыгагӕн, йӕ низ фӕуӕлахиз.

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik. Дӕргъвӕтин рынчыны фӕстӕ йӕ цардӕй ахицӕн зынгӕ уӕрӕсейаг зарӕггӕнӕг Жанна Фриске, фехъусын кодтой дыццӕджы РИА Новости.

Жанна Фриске бирӕ рӕстӕг тох кодта сӕры магъзы ракимӕ.

Зарӕггӕнӕджы низ рабӕрӕг фарон январы. Уый тыххӕй фехъусын кодта Фрискейы цардӕмбал Дмитрий Шепелев.

Адӕм иууылдӕр фӕдаргъ кодтой ӕххуысы къух рынчынмӕ, райдыдтой йын тымбыл кӕнын ӕхцайы фӕрӕзтӕ. Цыбыр ӕмгъуыдмӕ ӕрӕмбырд ис 68 милуан сомы. Уыдоны иу хай Жанна Фриске рауӕлдай кодта онкологон рынчын сывӕллӕттӕн.

Зынгӕ зарӕггӕнӕг хос кодта Германийы, Китай ӕмӕ Америчы хуыздӕр клиникӕты, фӕлӕ йын, хъыгагӕн, ницыуал баххуыс.

Жанна Фриске райгуырд 8 июлы 1974 азы Мӕскуыйы. Зынгӕдзинад ын ӕрхаста группӕ "Блестящие" хайадист 1996 азы. Цалдӕр азы фӕстӕ уый йӕ карьерӕ адарддӕр кодта иунӕгӕй. 2005 азы рауагъта йӕ фыццаг альбом "Жанна".

Афтӕ ма уый ӕхӕст кодта ролтӕ кинонывтӕ "Ночной дозор", "Дневной дозор" ӕмӕ "О чем говорят мужчины" дӕр.

Цыдис ыл 40 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0