Паддзахадон думӕ сратификаци кодта интеграцион бадзырд Хуссар Ирыстонимӕ

© Sputnik / Сергей Мамонтов /  Ахизын медиабанкмæПленарное заседание Госдумы РФ
Пленарное заседание Госдумы РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы президент Владимир Путин бавдыста майы Паддзахадон думӕмӕ законопроект Хуссар Ирыстонимӕ интеграцион бадзырд сратификаци кӕныны тыххӕй, кӕцы дыууӕ бӕстӕйы президенттӕ бафыстой 2015 азы 18 марты.

ЦХИНВАЛ, 19 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕ майрӕмбоны сратификаци кодта УФ ӕмӕ РХИ 'хсӕн ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцион бадзырд, хъусын кӕны РИА Новости.

Бадзырд сратификаци кӕныны тыххӕй депутаттӕ сразы сты ӕмхъӕлӕсӕй.

Законопроект бадзырд сратификаци кӕныны тыххӕй Уӕрӕсейы президент Владимир Путин бавдыста Паддзахадон думӕмӕ 20 майы. Документ дыууӕ бӕстӕйы президенттӕ бафыстой 2015 азы 18 марты.

Документы фӕлгӕтты арӕзт ӕрцӕудзӕн хахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады иумӕйаг тыгъдад, афтӕ ма паддзахадон арӕны сӕрты сӕрибарӕй хизын, таможнийы органты интеграци.

Уымӕй дарддӕр ма фӕарфдӕр уыдзӕн дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн ӕмгуыстад социалон, экономикон ӕмӕ гуманитарион фадгуыты, кустмызд ӕмӕ пенситӕ схиздзысты Уӕрӕсейы цӕгаткавказаг регионты ӕмвӕзадмӕ.

Бадзырд уал бафыстӕуыд 25 азы ӕмгъуыдмӕ, уый фӕстӕ гӕнӕн уыдзӕн йӕ адарддӕр кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0