Уӕрӕсе сифтонг кӕндзӕн Хъырымы газӕй, куыд кӕддӕр Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Юрий Лашов /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсе сифтонг кӕндзӕн Хъырымы газӕй
Уӕрӕсе сифтонг кӕндзӕн Хъырымы газӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Газы хӕтӕл "Краснодар–Хъырым" хъуамӕ аскъуыццаг кӕна ӕрдӕгсакъадахы энергетикон проблемӕ, куыд йӕ рӕстӕджы хӕтӕл "Дзуарыхъӕу–Цхинвал" аскъуыддзаг кодта Хуссар Ирыстоны энергетикон проблемӕ.

Цхинвал, 23 июн — Sputnik. Краснодарӕй Хъырыммӕ газы хӕтӕлы арӕзтадмӕ ӕрӕвналдзысты 2016 азы райдианы, загъта газет "Ведомости"-йӕн Хъырымы республикӕйы энергетикӕйы министр Сергей Егоров.

Газы хӕтӕл айгӕрддзысты Керчы цӕугӕдоны быныл. Арӕзтадон куыстытӕ фӕуыдзысты 2018 азы.

Газы хӕтӕлы арӕзтады аргъ у 20 миллиард сомы. Хӕтӕл ӕрвылаз дӕр сакъадах ифтонг кӕндзӕн цыппар миллиард кубометры газӕй.

Уый размӕ газет "Коммерсант" фыста, газы хӕтӕлы арӕзтадыл кӕй кусдзӕн "Газпром", фӕлӕ компани йӕхӕдӕг ацы информаци нӕ бафидар кодта.

Газпромӕн ис егъау фӕлтӕрддзинад ахӕм объектты арӕзтады, куыд газы хӕтӕл "Дзуарыхъӕу–Цхинвал", кӕцы кусын райдыдта 2009 азы ӕмӕ республикӕ сифтонг кодта газӕй.

Открытие газопровода Дзуарикау-Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Газы хӕтӕл "Дзуарыхъӕу-Цхинвал"-ы баконд

 

Йӕ сырӕзтӕй республикӕ райста энергетикон хӕдбардзинад Гуырдзыстонӕй, кӕцы арӕх ӕхгӕдта уӕрӕсейаг газы транзит республикӕмӕ.
160 километры дӕргъӕн хӕтӕл айгӕрдыныл куыстой ӕртӕ азы бӕрц уӕззау ӕрдзон ӕмӕ географион уавӕрты, уыдон нымӕцы Сӕйраг Кавказы рагъыл.

Рахызт 15 тоннел ӕмӕ 29 доны сӕрты.

Ног хабӕртты лентӕ
0