Уæрæсе Украинӕйæн газ уӕй кӕны зынгӕ къаддӕр аргъыл Хуссар Ирыстонмӕ абаргӕйӕ

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæ"Газпром".
Газпром. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсе, Украинӕ æмæ Еврокомиссийы æртæварсон консультациты уынаффæ цæуы, Украинӕйӕн газ цы аргъыл уæй цæудзæн, уыцы фарстыл. Хуссар Ирыстоны нымайынц, Украинæ ацы тарифæй кӕй хъамæ уа райгонд.

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы хицауад сразы ис Украинæйæн æрдзон газы иу кубометр 247 долларыл уæй кæнын, уый та у йæ базарадон аргъæй 40 доллар къаддæр. Ацы фарст иннæты æмрæнхъ боны фæткмæ хаст æрцыд æртæварсон фембæлды Венæйы, хъусын кæны РИА Новости.

УФ хицауады сæрдар Дмитрий Медведев ацы уынаффæйы тыххæй фехъусын кодта 29 июлы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Украинӕйы фарс сæм куы бахатыд, уый фæстæ рахастæуыд уынаффæ ацы бӕстӕйӕн æртыккаг кварталы дæр газы иу мин кубометры аргъ ныуадзын 247 сомæй, куыд дыккаг кварталы, афтæ.

Уый хыгъд "Нафтогаз" Уӕрӕсейӕ газ æлхæндзæн раздæры аргъæй.

Уӕрӕсе, Украинӕ æмæ Еврокомиссийы æртæварсон консультацитӕ

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Уæрæсе Украинӕйæн Хуссар Ирыстонмӕ абаргӕйӕ æрдзон газ дӕтты зынгӕ къаддӕр аргъыл.

"Хуссар Ирыстон æрдзон газы иу мин кубометр ӕлхæны 294 долларæй. Ивгъуыд аз та йӕ æлхæдтам 268 долларæй", — фехъусын кодта Sputnik ОАО "Газпром — Хуссар Ирыстон" генералон директоры хæдивæг Василий Шадян.

Уый ма банысан кодта, алы азы райдайæны дæр Хуссар Ирыстоны бафыссы ног бадзырд "Газпромимæ".

Шадян ма бафиппайдта, газы аргъæн йæ иу хай паддзахадон бюджетæй фыст кæй цæуы, уымæ гæсгæ республикӕйы цæрджытæн газ уæй цæуы йæхи аргъæй къаддæрыл.

Хуссар Ирыстонмæ газ цæуы магистралон газы хæтæл "Дзуарыхъæу-Цхинвал"-ыл, уый эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 2009 азы. Арæзт æрцыд "Газпром"-ы хæрдзтæй, рахицӕн ын ӕрцыд 10 миллиард сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0