Гергиты Валерий фæуазæг Хуссар Ирыстоны минæварадмæ

© Пресс-служба посольства РЮО в РФГергиты Валерий фæуазæг Хуссар Ирыстоны минæварадмæ
Гергиты Валерий фæуазæг Хуссар Ирыстоны минæварадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы адæмон артист Гергиты Валерий 14 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвары фæхуындмæ гæсгæ фæуазæг Уæрæсейы Федерацийы уæвæг Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварадмæ.

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Гергиты Валерий фæуазæг Хуссар Ирыстоны минæварадмæ Мӕскуыйы, фехъусын кодтой Sputnik дипломатон ведомствæйы пресс-службæйы.

Уæрæсейы адæмон артист ӕрбацыд дипломатон уагдонмӕ Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыры фæхуындмæ гæсгæ.

"Фембæлд ацыд хæларадон уавæры. Гергиты Валерий бузныг загъта минæварæн фæхуынды тыххæй æмæ йæ цæст хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн бауарзта сабырад æмæ размæцыд", — фехъусын кодтой пресс-службæйы.

© пресс-служба посольства РЮО в РФГергиты Валерий Хуссар Ирыстоны минæварады.
Валерий Гергиев в посольстве РЮО в РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гергиты Валерий Хуссар Ирыстоны минæварады.

 

Гергиты Абисалы фырт Валери у советон æмæ уæрæсейаг дирижер, Мариинаг театры аивадон къухдариуæггæнæг, Лондоны симфонион театры сæйраг дирижер. У уæрæсейаг адæмон артист.

Ног хабӕртты лентӕ
0