Æхсæнадæмон тæрхондон фæнд кæны райдайын 2008 азы Хуссар Иры конфликты фæдæвзарæн

© Sputnik / архив МЧС РСО-АЦхинвал 2008 азы
Цхинвал 2008 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æхсæнадæмон тугтæрхонон тæрхондон нымайы, 2008 азы конфликты рæстæджы Хуссар Ирыстоны арæзт кæй æрцыдысты æфсæддон фыдракæндтæ. Уыдон барвыстой æрмæджытæ Гуырдзыстоны уавæры тыххæй прокурор Фату Бенсудайы барамындмæ гæсгæ Фыццаг палатæмæ.

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Æхсæнадæмон тæрхондон фæнд кæны 2008 азы Хуссар Ирыстоны конфликты фæдыл фæдæвзарæн куыст райдайын, дзырдæуы организацийы официалон сайты.

"Æхсæнадæмон тугтæрхонон тæрхондоны къухдариуæгад прокурор Фату Бенсуды барамындмæ гæсгæ Фыццаг палатæмæ барвыста хъусынгæнæн, цæмæй фæдæвзарæн куыст райдайа Гуырдзыстоны уавæры фæдыл", — дзырдæуы хъусынгæнинаджы.

Æхсæнадæмон тæрхондон нымайы, 2008 азы конфликты рæстæджы Хуссар Ирыстоны арæзт кæй æрцыдаиккой æфсæддон фыдракæндтæ, нысан у хъусынгæнинаджы.

"Цы информаци йæм ис, уый бындурыл прокурор Бенсуда фехъусын кодта, 2008 азы хотыхджын конфликты рæстæджы Гуырдзыстон кæй арæзтаид Æхсæнадæмон тæрхондоны юрисдикцимæ хауæг æфсæддон фыдракæндтæ", — дзырдæуы хъусынгæнинаджы.

2008 азы Гуырдзыстон бабырста Хуссар Ирыстонмæ æмæ йын стыр зиан бакодта йæ столицæйæн. Республикæйы цæрджыты бахъахъхъæныны сæраппонд, кæцытæй бирæтæ сты уæрæсейаг æмбæстæгтæ, Уæрæсе бакодта йе ‘фсад Хуссар Ирыстонмæ æмæ æддæмæ ахæцыд Гуырдзыстоны æфсадыл. Уæрæсе стыр æххуыс кæны Хуссар Ирыстонæн йæ экономикæ сæндидзыны хъуыддаджы. Æххуыс кæны æндæр республикæ — Абхазæн дæр. Хуссарирыстойнаг "фондзбонон хæсты" фæстæ Уæрæсе банымадта раздæры дыууæ автономийы суверенитет, кæцытæ раздæр уыдысты Гуырдзыстоны сконды.

2002 азы йæ тыхы бацæуæг Римаг статут ис Æхсæнадæмон тугтæрхонон тæрхондоны архайды бындуры. Æхсæнадæмон бадзырд УФ бафыста 2000-æм азы, фæлæ ныры онг не `рцыд ратификаци. Уымæ гæсгæ УФ-йыл, куыд Америчы иугонд штаттыл, Китай, Украинæ æмæ æндæр бæстæтыл, æхсæнадæмон тæрхондоны юрисдикци не ‘нхъæвзы. 2014 азы апрелы Украинæйы хицауад рекомендаци радта Сæйраг Радæйæн, цæмæй æвæстиатæй сратификаци кæна Æхсæнадæмон тугтæрхонон тæрхондоны уагæвæрдон документтæ (римаг статут), кæцытæ бафыст æрцыдысты 2000-æм азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0