Уӕрӕсейаг футболисттӕ стох кӕндзысты Европӕйы чемпионатмӕ ахизыныл

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæФутбол. Матч "Кубань" - ЦСКА
Футбол.  Матч Кубань - ЦСКА - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Евро-2016-мӕ ӕвзӕрстон хъазтыты фӕлгӕтты Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд хъазы Черногорийы командӕйы ныхмӕ.

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. Уӕрӕсе ӕмӕ Черногорийы футболы ӕмбырдгонд командӕтӕ фембӕлдзысты къуырисӕры Мӕскуыйы стадионы, матч фӕбӕрӕг кӕндзӕн, Уӕрӕсе 2016 азы Европӕйы чемпионаты архайдзӕн ӕви нӕ, хъусын кӕны УФ футболы ӕмбырдгонд командӕйы официалон сайт.

"Хъазтмӕ йӕхи цӕттӕ кӕны ирон футболист Зӕгъойты Алан дӕр", — загъта сӕйраг тренер Леонид Слуцкий.

Уӕрсейы командӕ къорд "G"-йы турнирон таблицӕйы ис дыккаг бынаты. Черногори та — цыппӕрӕм бынаты ӕмӕ йын Европӕйы чемпионатмӕ бахауынӕн фадат нал ис.

"Мах хъӕуы ӕмдыхӕй ахъазын ӕмӕ рамбулын, цӕмӕй 2016 азы Европӕйы чемпионатмӕ бахауӕм", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Хъазт ацӕудзӕн Мӕскуыйы стадионтӕй сӕ иуы къуырисӕры 19:00 сахатыл. Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд командӕ къорд "G" архайгӕйӕ 2016 азы Европӕйы чемпионатмӕ ӕвзӕрстон хъӕзтыты Молдавийы рамбылдта 2:1 хыгъдӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0