Рамзан Кадыров фембæлд сириаг оппозицийы минæвæрттимæ

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæРамзан Кадыров
Рамзан Кадыров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæмбæлды рæстæджы Цæцæны сæргълæууæг банысан кодта, "Исламаг Паддзахады" фарс цы цæцæйнаг фæсивæд хæцы, уыдонæн æппындæр кæй ницы ахаст ис цæцæйнаг адæммæ.

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Цæцæны сæргълæууæг Рамзан Кадыров фембæлд Сирийы "мидæггагон оппозицийы" минæвæрттимæ. Уый тыххæй Кадыров фехъусын кодта йæ Instagram.

"Ныхасы хайад райстой парламенты минæвæрттæ, политикон, динон æмæ æхсæнадон архайджытæ, кæцытæ сты Националон фидыды комитеты сконды", — ныффыста Кадыров.

Уый фехъусын кодта, зӕгъгӕ цæмæй Сирийы ныллæууа фидыдад, уый тыххæй адæм хъуамæ фенгомдæр уой, æддагон æххуысмæ ӕнӕ ӕнхъæлмæ кæсгæйæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Америчы Иугонд Штаттæ æмæ ныгуылæйнаг бæстæтæ æрмæстдæр æргъæвынц хъаугъайы скъуыддзаг.

Фембæлды рæстæджы Кадыров банысан кодта, "Исламаг Паддзахады" фарс цы цæцæйнаг фæсивæд хæцы, уыдонæн æппындæр кæй ницы ахаст ис цæцæйнаг адæммæ.

Сириаг делегацийы минæвæрттæ загътой, Дамаск кæддæриддæр кæй уыд Уæрæсейы стратегион партнер æмæ дзы сириаг адæм æвæры ныфс.

Фембæлды фæстиуджытæм гæсгæ фарсытæ бадзырдтой адарддæр кæнын пайдаджын контакттæ, балхынцъ кодта Кадыров.

Ног хабӕртты лентӕ
0