Путин: Гуырдзыстонимӕ ахастытӕ фехалыны инициатортӕ мах нӕ уыдыстӕм

© Sputnik / Сергей Гунеев /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путины пресс-конференци
Владимир Путины пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсе цӕттӕ у Гуырдзыстонимӕ ахастытӕ сног кӕнынмӕ, загъта журналисттӕн УФ президент Владимир Путин йе ‘рвылазон пресс-конференцийы.

ЦХИНВАЛ, 17 дек — Sputnik. Гуырдзыстоны территориалон ӕнӕхъӕндзинад аразгӕ у гуырдзиаг, ирон ӕмӕ абхазаг адӕмӕй, загъта Уӕрӕсейы президент Владимир Путин йӕ пресс-конференцийы.

"Гуырдзыстонимӕ ахастытӕ фехалыны инициатортӕ мах нӕ уыдыстӕм, фӕлӕ мах цӕттӕ стӕм, цӕмӕй сӕ сног кӕнӕм. Гуырдзыстоны территориалон ӕнӕхъӕндзинадыл дзургӕйӕ та мӕ банысанын кӕнын фӕнды, уый фыццаг рады кӕй у гуырдзиаг, ирон ӕмӕ абхазаг адӕмы хъуыддаг", — загъта Путин.

Гуырдзыстон фехӕлдта Уӕрӕсеимӕ йӕ ахастытӕ, Мӕскуы Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад куы банымадта 2008 азы, уый фӕстӕ. Ног хицауады уӕнгтӕ, кӕцытӕ ӕвзӕрст ӕрцыдысты 2012 азы октябры мӕйы, сӕ сӕйрагдӕр ӕддаг политикон хӕстӕй иу схыдтой Уӕрӕсеимӕ ахастытӕ ӕрбиноныг кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0