Раргом æрцыд РХИ-ы президенты администрацийы экс-сæргълæууæджы амард

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæСлестгæнæн комитет
Слестгæнæн комитет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдракæнд арæзт æрцыд 2011 азы. Большаков 2008-2009 азты лæууыд РХИ-ы президенты администрацийы сæргъ.

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik. Владимираг слестгæнджытæ, кæцытæ куыстой зынаргъ фæсарæйнаг машинæтæ давыны хъуыддагыл, раргом кодтой резонансон хъуыддаг Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы экс-сæргълæууæг Александр Большаковы амарды фæдыл, фехъусын кодта РИА Новости УФ-йы Слестгæнæн управленийы минæвар Ирина Минина.

Резонансон фыдракæнд арæзт æрцыд 2011 азы. Уæд Александр Большаковы ссардтой мардӕй йæ хæдзары Суздалы, цыран æрцард пенсийы ацæуыны фæстæ.

Мининайы ныхæстæм гæсгæ, слестгæнæн органтæ нымайынц, фыдгæнæгæн кæй нæ уыд политикон аххосæгтæ.

"Фыдракæнд сарæзта фыдгæнджыты группировкæйы минæвар, кæцы сарæзта 20 фыдракæндæй фылдæр зынаргъ фæсарæйнаг машинæтæ байсыны нысанæн", — загъта агентады дзырдæмбал.

Ног хабӕртты лентӕ
0