Гӕджиты Асланы (Джахъо) ссӕрибар кодтой Австрийы ахӕстонӕй

© Архивное фотоГӕджиты Аслан
Гӕджиты Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гӕджиты Асланы Уӕрӕсейы слестгӕнӕн комитет фӕсаууонмӕ аххосджын кæны 60 адӕймаджы амарыны хъуыддаджы.

ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Венӕйы зылдон тӕрхондон рахаста фӕндон Гӕджиты Асланы (Джахъо) ахӕстонӕй ссӕрибар кӕнын 100 000 евройы цъындыйӕ, хъусын кӕны газет "Коммерсант ".

Гӕджиты Асланы Уӕрӕсейы слестгӕнӕн комитет фӕсаууонмӕ аххосджын кæны 60 адӕймаджы амарыны хъуыддаджы. Уый 13 мӕйы дӕргъы бадтис Йозефштадты ахӕстоны.

"Гӕджиты Асланӕн барфыст у Австрийы столицӕйӕ дарддӕр ма ацӕуын ӕмӕ фыццаг сидты фӕстӕ бацӕуын тӕрхондонмӕ ӕмӕ прокуратурӕмӕ, науӕд йӕ цъындыйы фӕрӕзтӕ айсдзысты хицауады пайдайӕн, йӕхи та йын ӕрцахсдзысты", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Уӕрӕсейы барадхъахъхъӕнӕг органты нымайынц, Гӕджиты Аслан сӕрибары фӕстӕ йӕхи кӕй бааууон кӕндзӕн.

Фыдгӕнджыты организацигонд ӕмӕхсӕнады, кӕцыйӕн раздзог уыд Гӕджиты Аслан — Джахъо, Уӕрӕсейы барадхъахъхъӕнӕг органтӕ азым кӕныц УФ территорийыл заказмӕ гӕсгӕ 60 адӕймаджы амарыны хъуыддаджы. Бандӕйы сконды уыд 40 фыдгӕнӕгӕй фылдӕр. Ныртӕккӕ уыдонӕн сӕ фылдӕр сты ахст.

Ног хабӕртты лентӕ
0