УФ барадон къамис хорзыл банымадта Хуссар Иримæ паддзахадон арæны тыххæй закъоныпроект

© Sputnik / Дина ГассиеваАрӕнгӕрон амонӕг
Арӕнгӕрон амонӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Документ бæлвырд кæны дыууæ бæстæты æхсæн паддзахадон арæны цыд æппæт йæ дæргъыл.

ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Закъоныпроектон архайды фæдыл УФ хицауады къамис хорзыл банымадта Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн паддзахадон арæны тыххæй бадзырды ратификацийы закъоныпроект, хъусын кæнынц ведомствӕйы сайтыл.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн паддзахадон арæны дæргъ у 74 километры.

"Ацы бадзырд у бындурон документ, кæцы бæлвырд кæны дыууæ бæстæты æхсæн паддзахадон арæны цыд æппæт йæ дæргъыл", — дзырдæуы хъусинаджы.

Федералон закъоны проект бахаста УФ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад. Бадзырд бафыст æрцыд 2015 азы 18 февралы Мæскуыйы.

Банысан куыд цæуы, афтæмæй паддзахадон арæны цыды хахх нысан у топографон картæйыл, кæцы у уæлæмхасон бадзырдмæ. Закъоныпроект у æмбæлон Евразиаг экономикон цæдисы тыххæй бадзырдæн, афтæ ма УФ-йы æндæр æхсæнадæмон бадзырдты уагæвæрдтæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0